Срæмыгъдтæ кæм фæсабыр сты, уым та Гергиты Валерийы оркестр ногӕй радта концерт

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерийы оркестры концерт Пальмирайы
Гергиты Валерийы оркестры концерт Пальмирайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гергиты Валерий Пальмирæйы концерт ратдзæн, уыцы хабар фехъусгæйæ, Хуссар Ирыстоны зæрдыл æрлæууыд, 2008 азы хæстон архæйдтыты фæстæ Мариинаг театр Цхинвалæн цы концерт балæвар кодта, уый.

ЦХИНВАЛ, 6 май — Sputnik. Гергиты Валерийы къухдариуæгадӕй Мариинаг театры Симфоникон оркестры концерт ссис фыдмийы ныхмæ ног дзуапп, банысан кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Мариинаг театры оркестр 2008 азы сентябры пырхытӕ Цхинвалы цы концерт ратта, уый.

"Хуссар Ирыстоны абоны онг дæр хъуыды кæнынц, уæды концерт сæм цы æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта, уыдон. Эмоционалон æндæвдад уыд тынг ахадгæ. Уыцы музыкæйы зæлтæ цыма адæмы зæрдæты хъæдгæмттæ байгас кодтой, сæ царды æмæ сын сæ фидæны цыма цард бауагътой, афтæ уыд", — загъта коцты Алан.

© Sputnik / Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерийы оркестры концерт Цхинвалы 2008 азы
В Цхинвале прошел концерт Мариинского симфонического оркестра под управлением Валерия Гергиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиты Валерийы оркестры концерт Цхинвалы 2008 азы

Æрæджы хæст кæм цыд, уым Гергиты Валерий концерт кæй радта, уый схуыдта символиконыл.

"Рагон Пальмирæйы пырхæнты айзæлыд ныфсы хъæлæс. Стыр символикон нысаниуæг ис уымæн, æмæ ма æрæджы хæстон архæйдтытæ кæм цыд, уым кæй зæлыд Гергиты Валерийы музыкæ", — банысан кодта ФХМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг.

Уый ма бахахх кодта, "Уæрæсейы фæрцы Пальмирæ кæй раздæхт адæймагадмæ, кæцы ма æрæджы дæр хъуыды кодта, бынтондæр дзы кæй ницыуал баззайдзæн".

Ног хабӕртты лентӕ
0