Цӕцӕны расыг шофыры аххосӕй фӕмард авд адӕймаджы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæСкорая помощь
Скорая помощь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Расыг шофыр ахызт йӕхи фӕндагӕй ӕмӕ сӕмбӕлд ӕндӕр машинӕйыл, фехъусын кодта Цӕцӕны сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыров.

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Егъау фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд Цӕцӕны федералон трассӕ "Кавказ"-ыл; фӕмард авд адӕймаджы, уый нымӕцы дыууӕ сывӕллоны, ноджы ма дыууӕйы та уӕззау уавӕры фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ, фехъусын кодта Цӕцӕны сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыров.

"Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, аххосджын у автомашинӕ Ford-ы шофыр 1976 азы гуырд Алам Ходжаев. Ӕвдисӕнты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый уыд расыг. Уый рахыст ныхмӕдзог фӕндагмӕ ӕмӕ комкоммӕ сӕмбӕлд ВАЗ-21014 автомашинӕйыл. Ӕдӕппӕт цауы архайдта ӕртӕ машинӕйы", — дзырдӕуы Кадыровы хъусинаджы йӕ Instagram.

Кадыровы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цауы фӕмард сты аварийы аххосджын йӕхӕдӕг, йе ‘фсымӕр, йӕ дыууӕ чызджы — 10 ӕмӕ 14-аздзыд, 26-аздзыд сылгоймаг ӕмӕ ноджы дыууӕ нӕлгоймджы.

"Ходжаевы фырт — Артур (11 азы) ӕмӕ "Приора"-йы шофыры фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ уӕззау уавӕры. ВАЗ-21014 машинӕйы цы фондз адӕймаг фӕмард сты, уыдон иууылдӕр уыдысты иу бинонты уӕнгтӕ", — банысан кодта Цӕцӕны сӕргълӕууӕг.

Аварийы бынаты ис ФТЦ профилактикӕйы фарстыты фӕдыл республикон штабы сӕргълӕууӕг, афтӕ ма Цӕцӕны парламенты спикер Магомед Даудов. Кадыров бахӕс кодта инциденты лӕмбынӕг равзӕрст ауадзын.

Уӕрӕсейы УУМ-ы сӕйраг управлени Цӕцӕны фехъусын кодта, ФТЦ кӕй ӕрцыд Алхан-Юрты ӕрдыгӕй Грозныймӕ бацӕуӕны. Уӕлвӕткон цауы тыххӕй экстренон службӕмӕ хъусинаг бацыд хуыцаубоны, 22.45 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0