УФ ФХМ: Гуырдзыстон ӕрӕхгӕдта тыхæй ма спайда кæныны хъусинаг Женевæйы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæМинистерство иностранных дел России
Министерство иностранных дел России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женевæйы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы делегацитæ хъусдард аздæхтой, Цхинвал æмæ Сухумы минæвæрттæ кæм нæ вæййы, ахæм æхсæнадæмон фæзуӕтты Тбилисы ӕнæхæлардарæг акцитæм.

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Фæскавказы æдасдзинады фӕдыл женевӕйаг дискусситы Гуырдзыстоны делегаци ногæй ныффæстиат кодта тыхæй ма спайда кæныны фæдыл хъусинаг райсыны хъуыддаг, хъусын кæны УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ).

Женевæйы 13-14 декабры ацыд дискусситы радон раунд. Боны фæткы сæйраг фарст уыд æппæт хайдаисджыты хъусинаг тыхæй ма спайда кæныны фæдыл.

Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ-ы æруынаффæ кодтой женевӕйаг дискусситы фидæныл

"Хъыгагæн, документы статусон-нейтралон вариантыл, кæцы кæронбæттæны æрбавдыстой æмсæрдæрттæ, не ʻсразы ис Гуырдзыстоны фарс. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы уавæр мониторинг кæнынæн Тбилис тыххæй ӕнхъардта "æдасдзинады æхсæнадæмон механизмты" формулировкæ. Баныхас кодтой, ацы фарстмæ кæй раздæхдзысты радон раунды", — дзырдæуы УФ ФХМ хъусинаджы.

Фембæлды хайадисджытæ уавæр Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны арæнтыл Гуырдзыстонимæ иумӕйагӕй сисгӕйӕ банымадтой стабилоныл.

Уыдон банысан кодтой, хицæн фæткхалды цаутæм æнæкæсгæйæ, иумæйагæй сисгæйæ æртæ бæстæйы арæнгæрон цæрджытӕ цæуынц сæрибарæй. Сæвзæргæ проблемӕтæ аскъуыддзаг кæнынæн æххуыс сты регулярон контакттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0