Мӕскуыйы центры банкӕй адавтой 20 млн сомы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль полиции. Архивное фото
Автомобиль полиции. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Булгарбанк"-ы мӕскуыйаг хайады æфснайæндонӕй ис гӕнӕн ӕмӕ ӕхца адавдӕуыд 31 декабрӕй 10 январмӕ цыдӕр афон, фехъусын кодта ратӕдзӕн барадхъахъхъӕнӕг органты.

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Ӕбӕрӕг адӕймаг адавта "Булгарбанк"-ы мӕскуыйаг хайадӕй 20 милуан сомы бӕрц, фехъусын кодта РИА Новости ратӕдзӕн барадхъахъхъӕнӕг органты.

"Полицимӕ бахатыд "Булгарбанк"-ы офисы хайады гӕсы хӕдивӕг, банчы кӕй ӕрцыд давд. Ис гӕнӕн ӕмӕ ӕхца адавдӕуыд 31 декабрӕй 10 январьмӕ цыдӕр афон. Ӕбӕрӕг адӕймаг адавта ӕфснайӕндонӕй 20 милуан сомы бӕрц", — загъта агентады ныхасӕмбал.

МХМ-ы министрады пресс-службӕйы бафидар кодтой, ӕбӕрӕг адӕймаг кӕй адавта 20 млн сомы, уыцы факт, фӕлӕ нӕ рахъӕр кодта банчы ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0