НАК: Уӕрӕсейы иу азы мидӕг скуынӕг кодтой 140 террористы

© ИЦ НАК /  Ахизын медиабанкмæСотрудник спецназа ФСБ
Сотрудник спецназа ФСБ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аннӕты нымӕцы ма куынӕг ӕрцыд афтӕ хуыйнӕг "Вилаят Кавказ"-ы сӕргълӕууӕг Рустам Асельдеров дӕр.

ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы ацӕугӕ азы куынӕг ӕрцыдысты 140 террористы, уыдон нымӕцы 24 сӕргълӕууӕджы, афтӕ ма 900 террористы ӕмӕ сӕ ӕмархайджытӕ ӕрцыдысты ахст, загъта дыццӕджы брифингы рӕстӕджы Националон антитеррористон комитеты аппараты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Игорь Кулягин.

РЦИ-А мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скоков: Сирийы террористты фарс тох кӕнынц цӕгатирыстойнаг минӕвӕрттӕ

"Куынӕг ӕрцыдысты 140 террористы, уыдон нымӕцы 24 сӕргълӕууӕджы. 900 террористы ӕмӕ сӕ ӕмархайджытӕ та ӕрцыдысты ахст", — хъусын кӕны Кулягины ныхӕстӕ РИА Новости.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕрмагондӕй, куынӕг кӕй ӕрцыд афтӕ хуыйнӕг "Вилаят Кавказ"-ы сӕргълӕууӕг Рустам Асельдеров (куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй операци уагъд ӕрцыд декабры кӕрон Махачкалайы).

Иу азы мидӕг террористтӕй байст ӕрцыд 199 хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ, 800 иуӕгӕй фылдӕр хӕцӕнгарз.

Ног хабӕртты лентӕ
0