Продюсер Болататы Зауыр: Америкӕйы фӕстӕ та ӕрывналдзӕн Ирыстонмӕ

© peoples.ruЗаур Болотаев
Заур Болотаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон продюсер банысан кодта, ӕппынӕдзух йӕ хъуыдыты кӕй ис райгуырӕн Ирыстоны тыххӕй кино сисын.

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Ирон продюсер Болататы Зауыры ног киноныв "Невеста" рацыд прокаты, фильм рауад тынг цымыдисон, уымӕ гӕсгӕ Голливуды цалдӕр егъау киностудийы цӕттӕ кӕнынц уӕрӕсейаг нывы ремейк. Sputnik уацхӕссӕг Лев Рыжков фембӕлд фильмы генералон прдюсеримӕ ӕмӕ йӕ ӕрфарста кинонывыл куысты, афтӕ ма йӕ дарддӕры сфӕлдыстадон нывӕзты тыххӕй.

Болататы Зауыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, киноныв ахӕм популярон ссис уымӕн, ӕмӕ йыл куыстой фидар профессионалтӕ, иттӕг хорз бакуыстӕуыд сценарийыл дӕр.

"Ныридӕгӕн нӕм ӕрбахатыдысты цыппар стыр америкӕйаг студийы, кӕцытӕ фӕнд кӕнынц ногӕй сисын киноныв "Невеста"-йы. Ӕввахс рӕстӕджы райдайдзыстӕм кусын фильмы америкӕйаг версийыл", — радзырдта Зауыр.

Афтӕ ма ирон продюсер банысан кодта, ӕппынӕдзух йӕ хъуыдыты кӕй ис райгуырӕн Ирыстоны тыххӕй кино сисын.

Трейлер фильма Последствия с Шварценеггером в роли Виталия Калоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фильм "Последствия"-йы трейлер Шварценеггеримӕ Калоты Виталийы ролы

"Ирӕтты хсӕн стӕм сты кинематографисттӕ. Ӕмӕ кӕд мӕнӕн бантыст ацы фадыджы расгуыхын, уӕд мӕ хӕсыл нымайын, куыд ирон адӕймаг, афтӕ мӕ адӕмӕн балӕггад кӕнын. Ирыстоны ис тынг цымыдисон ӕмӕ вазыгджын культурӕ, фӕлӕ дуне уый тыххӕй ницы зоны. Ирыстоны тыххӕй фылдӕр, хъыгагӕн, зонынц хӕстон конфликтты ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхты руаджы, фӕлӕ мӕн та фӕнды адӕмӕн нӕ диссаджы культурӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицион уырнынӕдтӕ базонгӕ кӕнын", — загъта уый.

Болататы Зауыр ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ, куыддӕр Америкӕимӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фильм "Невеста"-йы фӕдыл балхынцъ кӕна, афтӕ ӕрӕвналдзӕн "Ирыстонмӕ".

Ног хабӕртты лентӕ
0