Бастрыкин: иу азы мидӕг 150 сывӕллоны амардтой сӕхи Мӕскуы ӕмӕ областы

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæРасширенное заседание коллегии СК РФ c участием главы администрации президента РФ С. Иванова
Расширенное заседание коллегии СК РФ c участием главы администрации президента РФ С. Иванова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Слестгӕнӕн комитеты сӕргълӕууӕг Александр Бастрыкин банысан кодта сайтты уӕвынад, кӕцытӕн у сӕ бон хӕрзвадат бинонтӕй сывӕллоны ӕрдӕгазмӕ суицидмӕ ӕркӕнын.

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Сӕдӕ фӕндзай сывӕллоны мӕскуыйаг регионы сӕ цард ахицӕн кодтой суицидӕй, архайы "ӕнӕхъӕн технологи" суициды онг ӕркӕныны фӕдыл, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Слестгӕнӕн комитеты сӕргълӕууӕг Александр Бастрыкин ведомствӕйы коллегийы уӕрӕх ӕмбырды рӕстӕджы цыппӕрӕмы.

Парламент Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Депутаттӕ "мӕлӕты къордты" тыххӕй: барӕй кӕнынц сывӕллӕтты суициды онг

"Ӕрмӕст мӕскуыйаг регионы 150 сывӕллоны амардтой сӕхи", — хъусын кӕны йӕ ныхӕстӕ РИА Новости.

Бастыркины ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис "ӕнӕхъӕн технологи" сывӕллӕтты ӕмӕ ӕнахъомты ахӕм къахдзӕф саразынӕн — "сайттӕ, кӕцытӕн у сӕ бон хӕрзвадат бинонтӕй сывӕллоны ӕрдӕгазмӕ суицидмӕ ӕркӕнын".

УФ СК-ы сӕргълӕууӕг нымайы, фӕсивӕды кӕй хъӕуы интернетӕй иппӕрд кӕны ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ахъаз уаиккой ахӕм организацитӕ, куыд "Юнармия", кӕцы ӕрӕджы сарӕзта УФ Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ кӕцымӕ ныридӕгӕн ӕрбангом Слестгӕнӕн комитеты кадетон корпус.

Ног хабӕртты лентӕ
0