Уæрæсейы гвардийы æхсæз æфсæддоны фæмард сты Цæцæны

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæВоеннослужащий Росгвардии
Военнослужащий Росгвардии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Террористтæ балæбурдтой Уæрæсейаг гвардийы æфсæддон дæлхайады объектмæ, кæцы ис дислокацигонд Цæцæны, станицæ Наурскаяйы цур, фæмард сты æхсæз æфсæддон службæгæнæджы.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Уæрæсейаг гвардийы æхсæз æфсæддон службæгæнæджы фæмард сты Цæцæны æвæрд æфсæддон дæлхайадмæ террортстты балæбурды фæстиуæгæн, фехъусын кодта РИА Новости Националон антитеррористон комитеты зонæнтыл æнцойгæнгæйæ.

НАК-ы зонæнтæм гæсгæ, æхсæз террористы балæбурдтой балæбурдтой Уæрæсейаг гвардийы æфсæддон дæлхайады объектмæ, кæцы ис дислокацигонд Цæцæны. Террористтæ куынæг æрцыдысты.

Уæрæсейаг гвардийы кусджытæй иуæн фæцæф йæ сæр, йæ уавæр у æвзæр, дыууæйæ та райстой цæфтæ.

Уæрæсейаг гвардийы фехъусын кодтой, "балæбурды рæстæджы хотыхджын къордтæ спайда кодтой тыхджын мигъæй".

"Хисæрмагонд сконды ныфсджын архæйдтыты фæрцы хотыхджын къорды не 'рбауагътой æфсæддон городокмæ", — хъусын кæны уагдон.

Ведомствæ ма бафтыдта, цауы æууæлтæ иууылдæр сбæлвырд кæныны нысанæн Цæцæнмæ кæй ацыд Уæрæсейаг гвардийы æфсады централон аппараты оперативон къорд.

Ног хабӕртты лентӕ
0