Сылгоймаг æмæ нæлгоймаг фæмард сты Эльбрусмæ сцыды рæстæджы

© Sputnik / Роман Кручинин /  Ахизын медиабанкмæТуристы восходят на Эльбрус
Туристы восходят на Эльбрус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Альпинистты къорды уыд цыппар адæймаджы, уыдонæй дыууæ расхъиудтой Эльбрусы хохы скæсæйнаг къуылдымæй

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Дыууæ альпинисты фæмард сты Эльбрусы хохыл, нæлгоймаг фæмард бынаты, сылгоймаг та амард бынмæ транспортировкæйы рæстæджы, фехъусын кодта РИА Новости УУМ-ы Эльбрусаг уæлхох агурæн-ирвæзынгæнæн къорды къухдариуæггæнæг Абдуллах Гулиев.

Ирвæзынгæнджытæ ссардтой дзæуджыхъæуккаг туристты Эльбрусыл

Цыппæрæмы райсомæй ирвæзынгæнджытæм бацыд хъусынгæнинаг, Эльбрусы хохы скæсæйнаг фарс 4,9 мин метры бæрзондæй кæй расхъиудтой дыууæ альпинисты. Нæлгоймаг фæмард, сылгоймаг райста сæры травмæтæ. Альпинистты къорд конд уыд цыппар адæймагæй.

"Сылгоймаг дæр, кæцы райста сæры травмæтæ, хъыгагæн амард, бынмæ йæ куы хизын кодтой, уæд", — загъта Гулиев.

Уый бафиппайдта, дыууæ фæмардуæвæг дæр кæй уыдысты фæндагамонджытæ Эльбрусыл æмæ цардысты Нальчикы.

Ног хабӕртты лентӕ
0