Уæрæсейаг турист фесæфт Абхазы: куыд цæуы йæ агуырд

© Sputnik / Томас ТхайцукМЧС Абхазии
МЧС Абхазии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы хæхты агурынц уæрæсейаг туристы. Фæстаг хатт Андрей Лихачев фæбæрæг кодта 12 июлы

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Абхазы хæхты ирвæзынгæнджытæ агурынц фесæфæг уæрæсейаг турист Андрей Лихачевы, хъусын кæны Sputnik Абхаз.
Абхазы уæлвæткон уавæрты министр Лев Квициния куыд загъта, афтæмæй ис гæнæн æмæ турист фæдзæгъæл ис.

Абхазы æрцахстой уæрæсейаг туристы амарыны азымгæндты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абхазы æрцахстой уæрæсейаг туристы амарыны азымгæндты

"Кæд адæймаг у æвæлтæрд æмæ маршрут хорз нæ зоны, уæд ис гæнæн æмæ фæдзæгъæл уыдаид. Агуырд дарддæр цæуы, райсом дæр та адарддæр кæндзыстæм агурæн мадзæлттæ", — загъта министр.

Кæд туристы цыппæрæмы не ′ссарой, уæд агурæн къорд вертолетыл ацæудзæн Адангмæ", — бафтыдта уый.

"Мах уым рахизын кæндзыстæм ирвæзынгæнджыты. Кæд турист удæгас у, уæд фехъусдзæн æмæ фендзæн вертолет. Уый зоны, кæй йæ агурынц. Ныфс мæ ис, кæй бандзардзæн арт æмæ йæ мах фендзыстæм", — загъта Квициния.

Андрей Лихачев Абхазмæ ныццыд 9 июлы. Фæстаг хатт уый фæдзырдта йæ мадмæ 12 июлы, зæгъгæ, алцыдæр у хорз, 22 июлы та Сочийы аэропортæй хъуамæ атахтаид Мæскуымæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0