Криминалон авторитет Гӕджиты Асланы ратдзысты Уӕрӕсейӕн

© Архивное фотоГӕджиты Аслан
Гӕджиты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Австрийы юстицийы министрад куы бафидар кӕна экстрадици, уӕд Гӕджиты Асланы рарвитдзысты Уӕрӕсемӕ

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Венӕйы тӕрхондон дыццӕджы сразы ис Уӕрӕсейы Генпрокуратурӕйы домӕныл криминалон авторитет Гӕджиты Асланы раттыны тыххӕй, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы 60 адӕймаджы амарыны, хъусын кӕны РИА Новости.

Гӕджиты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕджиты Асланы (Джахъо) ссӕрибар кодтой Австрийы ахӕстонӕй

Уый адыл тӕрхондонон коллеги аиуварс кодта Гӕджийы фырты адвокаты хъаст, Уӕрӕсейы ахӕстоны уый дарыны фӕдыл документтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ сахуыр кӕнгӕйӕ.
Тӕрхондоны рабадт дыццӕджы уагъд ӕрцыд ӕхгӕд дуӕртты, нӕ йӕм бауагътой прессӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕртты.
Фыдгӕнджыты организацигонд ӕмӕхсӕнад, кӕцыйӕн раздзог уыд Гӕджиты Аслан — Джахъо, арӕзт ӕрцыд 2004 азы, Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ азым кӕныц УФ территорийыл заказмӕ гӕсгӕ 60 адӕймаджы амарыны хъуыддаджы.

Организацигонд фыдгӕнджыты ӕмӕхсӕнад архайдта активонӕй Мӕскуы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы, фыдракӕндты фылдӕр бӕрц арӕзт ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны. Къорды амӕттаг фесты Дзӕуджыхъӕуы мэр, РЦИ-А вице-премьер, барадхъахъхъӕнӕг органты къухдариуӕггӕнджытӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0