Срæмыгъд Абхазы: зиан баййæфта иу адæймаг

© Flickr / Petr MageraГагра, Абхаз
Гагра, Абхаз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон районон рынчындонмæ 24 сентябры фæхæццæ кодтой срæмыгъды иу зианбаййафæджы

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Горæт Гагрæйы Централон районон рынчындонмæ цæфтимæ фæхæццæ кодтой 1961 азы гуырд Р. Джопуайы, хъусын кæны Sputnik Абхаз мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.

"Бæлвырд æрцыд, Джопуа кæй райста цæфтæ, горæт Гагрæйы Ардзинбайы уынгыл ын цы агъуыст ис, уым срæмыгъды фæстиуæгæн", — дзырдæуы МХМ-ы хъусинаджы.

МХМ-ы хъусинагмæ гæсгæ, срæмыгъды аххосæгтæ сбæлвырд кæныны тыххæй уагъд цæуы экспертизæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0