Рæмонаты Сослан фæуæлахиз ис Индийы Лигайы

© YouTube/GREBENNIKOV WRESTLING TEAMСослан Рамонов «Воины Мумбаи» - Гаджи Алиев «Султан Дели»
Сослан Рамонов «Воины Мумбаи» - Гаджи Алиев «Султан Дели» - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Индийы столицæ, Нью-Делийы, 9 январы райдыдта Индиаг Лигайы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй

ЦХИНВАЛ, 11 янв— Sputnik. Риойы олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан фæуæлахиз ис азербайджанаг богал Гаджи Алиевыл Индийы Лигайы, хъусын кæны Спортивон хъæбысхæсты федерацийы сайт.

Турниры фыццаг боны иууыл ахсджиагдæр тох ссис дунейы чемпион Азербайджанæй Гаджи Алиев æмæ олимпиаг чемпион Ирыстонæй Рæмонаты Сосланы æхсæн.

"Дыууæ спортсмены дæр ацы ерысты архайынц 65 кг онг уæзы категорийы. Сæ фембæлд ахицæн ис 3:2 хыгъдæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Чемпионаты ма райсдзысты хайад ноджы дыууæ ирон богалы – дунейы чемпионаты призер Ӕлборты Асланбег, кæцы хъахъхъæндзæн Азербайджаны спортивон кад. Ацы уæзы категорийы ма, сомихаг тырысайы бын архайдзæн Кетойты Георгий.

Финалон тохтæ ацæудзысты 26 январы. Йæ бюджетмæ гæсгæ, ацы Лига у дунейон лидер æмæ дзы традицион æгъдауæй хайад исынц дунейы тыхджындæр богалтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0