Æгъуызарты Тамерланы бавæрдзысты хуыцаубоны

© пресс-служба главы РСО-АÆгъуызарты Тамерлан
Æгъуызарты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг амард пневмонийы фӕстиуӕгӕн мӕскуыйаг клиникӕтӕй иуы.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Хуыцаубон Цæгат Ирыстоны расидт æрцыд фыдохы бонæй республикæйы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы амæлæты тыххæй, йæ æнусон бынатмæ дæр æй афæндараст кæндзысты уыцы бон, фехъусын кодта РИА Новостийæн регионы хицауады минæвар.

Æгъуызарты Тамерлан амард майрæмбоны, мæскуыйаг рынчындоны пневмонийæ, кæцыйæ рынчын уыд 20 январæй. Республикæйы сæргълæууæг суæвыны размæ уыд Паддзахадон Думæйы депутат парти "Единая Россия"-йæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн хицауады сæрдар Битарты Вячеслав.

"Фыдохы бонæй расидт æрцыд хуыцаубон, зиан дæр бавæрдзысты уыцы бон", — загътата агентады дзырдæмбал.

Иргъæвд æрцæудзысты хиирхæфсæн мадзæлттæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Æгъуызарты Тамерланы амарды информацийы фæстæ хицауады бæстыхайы сæрмæ æруагътой тырыса.

Ног хабӕртты лентӕ
0