Ацы Уæлахиз æрхаста… Полупанов Дмитрий

© Sputnik / Архивное фотоПолупанов Дмитрий
Полупанов Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ дадайы хайадисты тыххæй радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы ÆФС арæнгæрон управленийы кусæг Дмитрий Вакулич.

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Дадайы тыххæй нæм бирæ информаци нæ баззад. Зонын, кæй иста активон хайад Курскы тохы, дыууæ хатт фæцæф, уыд тынг ныфсхаст адæймаг, уыд дæнцæг йæ цот æмæ йæ цоты цотæн…

Мæ дада, Полупанов Дмитрий, райгуырд 1923 азы 21 апрелы, Каменскы областы, хутор Кольцовы. Фронтмæ ацыд 18-аздзыдæй хæсты райдайæны. Бахауд дивизион басгæрстмæ снайпер-разæсгарæджы бынатмæ.

Спутник - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik радзурдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Ирыстоны хъайтарты тыххæй

Иухатт, мæ дадаимæ хъæды тезгъойы рæстæджы, æз бафарстон, зæгъгæ, искуы адæймаджы фехста. Уый разыйы тылд бакодта йæ сæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз зыдтон, снайпер кæй уыд æмæ уый мидæг кæй уыд йæ хæс, фæлæ мæ тынг фæндыд уый йæхицæй фехъусын. Куыд алы лæппуйы, афтæ тынг сæрыстыр уыдтæн, мæ дада фæсфронты кæй нæ уыд, фæлæ снайпер-разæсгарæг уæвгæйæ, уый арæх лæууыд знаджы ныхмæ. Мæн тынг цымыдис кодта, цал немыцаджы амардта, искуы тас бавзæрста æви нæ, æмæ-иу цы æнкъардта, мæлæтмæ ма йæ æрдуйы бæрц куы хъуыд.

Йæ радзырдтæй бахъуыды кодтон иу истори. Иу тохы рæстæджы иу къордæн, мæ дадаимæ авд хæстонæй, радтæуыд бардзырд — хæстон хæслæвæрд сæххæст кæныны тыххæй знагмæ бахъуызын æмæ фæстæмæ раздæхын. Фронты хаххыл рахизгæйæ сæ суыдтой немыцæгтæ æмæ сæ æвæстиатæй фæкодтой тыхджын æхсты бын. Къорд æнæхъæнæй фæмард сты, мæ дада райста уæззау цæф. Йæ рахиз къахы нуар иууылдæр ныскъуыдтӕ, уый фæстæ ахицæн. Фæстæдæр йæхимæ æрцыд госпиталы.

Йæ хæстон архæйдтыты тыххæй мæ дада хорзæхджын æрцыд III къæпхæны Кады Орден æмæ Германийыл фæуæлахизы орденæй. Фронтæй æрыздæхт 1944 азы, æркодта бинонтæ, куыста совхозы бригадирæй.

"Уый рацыд уæззау хæст, дыууæ хатт фæцæф æмæ уæддæр баззад удæгасæй", — дзырдта мæ нана. Æрсиддонты куы комплектаци кодтой, уæд ын сылгоймаг-моладзан радта мæ дадайæн сыф скуывдимæ æмæ йæ бафæдзæхста, кæй йæ бахъахъхъæндзæн. Æмæ æцæгдæр афтæ рауад. Ацы сыф ныртæккæ дæр нæ бинонтæ хъахъхъæнынц сæ цæстыгагуыйау.

© Sputnik / Архивное фотоСкуывдимæ сыф
Листок с молитвой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скуывдимæ сыф
Ног хабӕртты лентӕ
0