Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Убоженко хъуамӕ къамисӕг уа

© Sputnik / Алексей КовалевУбоженко
Убоженко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Убоженкоты фотостудийы Цхинвалы ныр дӕр у, æрдæг æнусы размæ йӕ куыд сарæзтой, афтæ. Уазал хатæн, иунæг хъæдын бандон урс кæттаг фоныл, рухс - хуры тынтæ. Фӕлӕ ӕрдӕг ӕнусы размӕ-иу кӕд студийы раз радтӕ уыд, уӕд ма ныр бон сӕ къæсæрæй бахизы 5-10 адæймаджы.

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны къам исыны истори баст у Убоженкоты бинонтимӕ. Республикӕйы къуымтыл фыццаг йӕ нывисæнимӕ æрзылд бинонты хистӕр Владимир Убоженко, йæ фырт Николай та Цхинвалы бакодта фыццаг профессионалон фотостуди. Абон къамисæджы традицитæ дарддæр кæны Убоженкоты цыппæрæм фæлтæр.

Гоар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Сомихаг хуыйджыты цард Цхинвалы

Къам исыны хъуыддаг Хуссар Ирыстоны кæд фæзынд, уый фидарæй бæрæг нæу. Фæлæ хистæр кары адæмы куы афӕрсай, уӕд иууылдӕр фыццаг ракӕнынц Владимир Убоженкойы кой, сӕ зæрдыл дарынц, рагон æртæкъахон къамисæнимæ-иу куыд зылд Ирыстоны къуымтыл — горæтыл, районтыл, бæрзонд хæххон хъæутыл. Владимиры зæронд фотоаппараты объективы бахаудысты сæдæгай адæймæгтæ, бæстыхæйттæ æмæ цаутæ. Абон йæ уæзгæ архивæй бинонтæм ницыуал ис — апырх ис адӕмы хсӕн, фæлæ Хуссар Ирыстоны алкӕцы бинонты альбомты дӕр ссарæн ис Убоженкойы ист къамтæ.

"Ивгъуыд æнусы 30-ӕм æзты, Уæрæсейы цæргæйæ, Владимир Убоженкойы бинонты советон хицауад банымадта кулактыл æмæ сӕ бафхæрдта. Уæд бинонтæ сæхи райстой Кавказы рдæм æмæ æрыфтыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Ам сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ дзы ӕрбынат кодтой. 1938 азы Владимир райдыдта кусын Цхинвалы къамисæгæй", — радзырдта Владимиры бирæнымæц цотæй иу Людмила Убоженко.

Фӕстӕдӕр фыды дӕсниадыл ныххӕцыд йӕ фырт Николай дӕр, фӕлӕ уӕдмӕ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст ӕмӕ Убоженкоты къамисыны хъуыддаг дӕр рæстæгмæ фæкъуыхцы.

"Владимирæн йæ сывӕллӕттӕ — Лидия ӕмӕ Николай — ацыдысты хæстмæ. Хъыгагæн, чызг хæсты быдырæй нал æрыздæхт, æбæрæгæй фесæфт. Николай ӕрыздӕхт фронтӕй ӕмӕ та йӕ фыдимӕ адарддæр кодтой сæ архайд æмӕ сын бантыст Цхинвалы фыццаг фотостуди бакæнын. Николай ма бирæ рæстæг фæкуыста Хуссар Иры газеттæй иуы фотокорреспондентæй дæр", — дзуры Людмила.

© Sputnik / Алексей КовалевЛюдмила Убоженко
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Убоженко хъуамӕ къамисӕг уа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Людмила Убоженко

Людмилайы студийы раивы Татьяна Убоженко. Уый банысан кодта,раздæр адæм тынг арæх кӕй цыдысты нывтӕ исынмæ, "ӕгас бинонтæ-иу æрбалæууыдысты студийы къæсæрыл, иууыл арæхдæр та кодтой сæ сабиты". Ацы дӕсниад актуалонӕй актуалондӕр кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ нывисæджы куыстыл ныххæцыдысты Владимиры аннӕ фырт Василий, уый фӕстӕ ма уыдоны фырттӕ ӕмӕ сӕ бинонтæ дæр.

"Студийы уыд алыгъуызон атрибуттæ — сабитæ истой къамтæ Карлсонимæ, велосипед, науæд та мотороллертыл. Адæм тыгуыртæ кодтой студийы къæсæртыл, сырӕзт-иу радтӕ", — дзуры Татьяна Убоженко.

Уӕдӕй абоны онг кӕд бирӕ рӕстӕг рацыд, уӕддӕр бинонты династи рохуаты нӕ аззад. Ныр дӕр Цхинвалы 8-æм июны уынгыл раздæрау кусынц Убоженко Владимиры цоты цыппæрæм фæлтæр. Къуырийы кусгæ бонты кæрӕдзи ивынц дыууæ ‘фсымӕры зӕнӕг.

Уыдон хъыгзӕрдӕйӕ нысан кӕнынц, абон ма къам исынмæ æрмæстдæр кӕй цæуынц алыгъуызон документтæн — паспорттæ, шофыры бартæ, студентты хыгъдон карточкӕтӕ æмæ æндæртæн, стæм хатт ма æрбацæуынц раздæрау къам исынмæ бинонтæ.

© Sputnik / Алексей КовалевТатьяна æмæ йæ чызг Елена Убоженко
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Убоженко хъуамӕ къамисӕг уа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Татьяна æмæ йæ чызг Елена Убоженко

Фӕлӕ Елена Убоженко йæ куыстæй у райгонд, кæд сын ифтонггарз æмæ гъæдджын æрмæг зынаргъ лæууы, уæддæр.

"Архайæм гъæдджын æрмæг ӕлхæнын, цæмæй къам фæлæууа бирæ. Ныртӕккӕ бирæ алыгъуызон ахорæнтæ фæзынд, фæлæ, уыдонæй пайдагӕнгӕйӕ, бæлвырдæй зæгъæн нæй æмæ къам цалдæр азы фæстæ йæ хуыз нæ фесафдзæн. Ӕлхæнæм япойнаг æрмæг, фидарæй зæгъæн ис æмӕ ахæм къам 50 азы уӕддӕр кæй фӕлæудзæн", — банысан кодта Елена.

Сæ студийы Цхинвалы ныр дӕр у, æрдæг æнусы размæ йӕ куыд сарæзтой, афтæ. Уазал хатæн, иунæг хъæдын бандон урс кæттаг фоныл, рухс — хуры тынтæ. Фӕлӕ ӕрдӕг ӕнусы размӕ-иу кӕд студийы раз радтӕ уыд, уӕд ма ныр бон фотостудийы къæсæрæй бахизы 5-10 адæймаджы.

Ушанг и Заур Козаевы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Козаты дыууӕ ӕфсымӕры – дыууӕ адӕмон нывгӕнӕджы

Убоженкотæ къам ацæттæ кæнынц 10-20 минутмæ, бадзæбæхтæ йæ кæнынц компьютеры руаджы, кæд бахъæуы, уæд сыл скæныц сæрмагонд дарæс дæр. Нырыккон домæнтæн дзуапдӕттӕг фотостуди саразыныл дæр кæд æруынаффæ кæныц, уæддæр нымайыц, нырма уый æнæмӕнгхъæуæгдзинад Цхинвалы кӕй нæй.

"Цхинвалы профессионалон фотостуди ницы пайда хæсдзæн. Куыддæр рæстæг ӕрдома ацы ногдзинæдтæ, афтæ сараздзыстæм мах дӕр ног студи. Зонындзинæдтæ ис, фадæттæ дæр ссардзыстæм", — загъта цыппӕрӕм фӕлтӕры къамисджытӕй иу Вова Убоженко.

Фӕлӕ уыдӕттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, Убоженкоты студийы ныридæгæн дæр ис ахæм лæггæдтæ, кæцытæ Дзæуджыхъæуы дæр стæм рæтты аразынц — реставраци кæнынц зæронд къамтæ, хицæн къамтæй саразынц бинонты иумӕйаг къам æмæ афтæ дарддæр. Ӕмӕ йын чи цы зоны, чизоны профессионалон студи саразыныл та бакуса бинонты фӕндзӕм фӕлтӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0