Сербаг хор "Бисери" Цхинвалы æрæмбырд кодта йедзаг зал

© Sputnik / Наталья АйриянСербский музыкальный коллектив в Южной Осетии
Сербский музыкальный коллектив в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сербийы сывæллæтты аргъуанон хор "Бисери" ӕмӕ хуссарирыстойнаг æрыгон зарæггæнджытæ иумæ сæххæст кодтой ирон, сербаг æмæ уырыссаг мелодитӕ

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Сербийы сывæллæтты аргъуанон хор "Бисери" æмæ хуссарирыстойнаг музахуыргæнæндоны студентты иумæйаг концерт æрæмбырд кодта йедзаг зал Цхинвалы. Ӕрыгон музыканттӕ сæххæст кодтой зарджытæ æртæ æвзагыл — ирон, сербаг æмæ уырыссаг, залмæ æрӕмбырдуæвджытæ та домдтой концерт адарддæр кæнын.

Литургия на сербском языке впервые звучала в Цхинвальском храме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Литурги сербаг æвзагыл фыццаг хатт ауагътой Цхинвайлаг аргъуаны

Сербийы сывæллæтты аргъуанон хор "Бисери" Цхинвалмæ фæуазæг ис Культурæйы министрады фæхуындмæ гæсгæ, æхсæнадæмон фестиваль "Взаимопроникновение"-йы фæлгæтты. Къорд хайад райстой Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны литургийы, къуырисæры сæ йæхимæ райста президент Тыбылты Леонид, уый фæстæ уазджытæ радтой концерт Цхинвалы музыкалон ахуыргæндоны концертон залы.

Культурæйы министр Остъаты Мӕдинӕ рахицæн кодта хоры къухдариуæггæнæг æмæ солистты хорзæхтæй æмæ лæвæрттæй. Уый ма сӕ ноджы иу хатт æрхуыдта Хуссар Ирмæ сæрды æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ се сфæлдыстады тыххæй.

"Хуссар Ирыстоны нӕ уазджытӕ сты æрмæст фондз боны, уымæ гæсгæ мах ахъуыды кодтам ног иумæйаг проектыл. Мах сæ хонæм сæрды нæ республикæмæ, цæмæй æввахсдæр базонгæ уой бæстæ æмæ йæ алæмæттаг æрдзимæ, хæхтимæ", — загъта Остъаты Мӕдинӕ.

Къордимæ иумæ сценæйыл ралæууыдысты бынæттон æрыгон зарæггæнджытæ — Плиты Лана, Цхуырбаты Мария æмæ Тедеты Роксана. Уыдон иумæ сæххæст кодтой ирон зарджытæ, афтæ ма музыкалон композицитæ сербаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Концертмӕ ӕрбацӕуджытӕ домдтой мадзал адарддæр кæнын ӕмæ уазджытæ дӕр уæлæмхасæй сæххæст кодтой цалдæр зарæджы.

© Sputnik / Наталья АйриянСербаг хор "Бисери" Цхинвалы
Сербский музыкальный коллектив в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сербаг хор "Бисери" Цхинвалы

Концертмӕ ма сӕ сербаг хӕлӕрттӕм лӕвӕрттимӕ ӕрбацыдысты цхинвайлаг фӕсивӕды иу хай, кӕцытӕ дыууӕ азы размӕ уыдысты иу мӕйы дӕргъы Сербийы уазӕгуаты. Уыцы балцы фæстиуæгæн уӕд фæзынд зарджытæ сербаг æмæ ирон æвзæгтыл иумæ æххæстæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0