Ӕрыгон поэттæ ӕмӕ нывгӕнджытӕ сӕ тыхтӕ бавзардзысты конкурс "Аланты бæстæ"-йы

© Sputnik / Кипеловский /  Ахизын медиабанкмæБлокнот и ручка
Блокнот и ручка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министрад сиды скъолайы кары æрыгон поэттæ, фысджытæ æмæ нывгæнджытæм конкурсы хайад райсынмæ

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Курдиатджын фæсивæды хсæн конкурс литературæ æмæ ныв кæнынæй "Аланты бæстæ" расидт Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрад. Конкурсы архайыны фадат ис 1-11 кълӕсты скъоладзаутæн, кæцытæ арæхсынц æмдзæвгæтæ, уацтæ фыссынмæ æмæ нывкæнынмæ.

Бестауты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Булæмæргъ"-ы лауреат Бестауты Аланӕ: Ирыстон фысджыты фæндиаг уæд

"Конкурс уагъд цæуы дыууæ здæхæны — литературӕ æмæ нывкæнынад. Куырдиæттæ ист цæудзысты цыппæрæммæ. Майрæмбоны 6 адæймаджы скондæй жюри рахæсдзæн тæрхон — сбæрæг кæндзæн хуыздæр æмдзæвгæты, уацты æмæ нывты авторты", — радзырдта Sputnik министрады националон ахуырады хайады хистæр Козаты Инга.

Уый ма банысан кодта, конкурсы архайæг скъоладзаутæй дæс хуыздæр куысты хицæуттæ кӕй райсдзысты призтæ, аннæтæ хорзæхджын æрцæудзысты грамотӕтæй.

Конкурс уагъд цæуы ирон æвзаг, культурæ æмæ истори бахъахъхъæнын æмæ райрæзты оххыл. Уацтæ æмæ æмдзæвгæтæ, конкурсы домæнмæ гæсгæ, хъуамæ фыст æрцæуой мадæлон æвзагыл, хуызфысынад хъуамæ радæтта нæ истори, культурæ æмæ æгъдæутты мидис.

Ног хабӕртты лентӕ
0