Хуссар Иры командæ хайад райста дунейы чемпионаты æмбуар хæстӕй

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæРукопашный бой
Рукопашный бой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Плиты Зауыр, Тедеты Зауыр, Ходты Сæрмæт, Хуыгаты Марат æмæ Тотраты Георгий фæхæрд сты дунейы чемпионаты æнтыстджындæр спортсментæн

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Хуссар Иры командæ хайад райста дунейы чемпионаты æмбуар хæстæй, спортсментӕ кӕд уӕлахизимӕ не ‘рыздӕхтысты, уӕддӕр райстой хорз фӕлтӕрддзинад, фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Зæгъойты Гамлет.

Ӕвзонг футболистты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ ацæудзысты футболон турнирмæ Сочимæ

Ӕмбуар хӕстӕй дунейы чемпионаты Хуссар Иры кад хъахъхъӕдтой Плиты Зауыр, Тедеты Зауыр, Ходты Сæрмæт, Хуыгаты Марат æмæ Тотраты Георгий.

"Нæ спортсменты архайдæй мæ зæрдæ барухс, кæд фæстиуджытæй райгонд нæ дæн, уæддæр. Лӕппутӕ ауагътой хорз тохтæ, фӕлӕ фӕхæрд сты аккаг ныхмæлæуджытæн. Нæ командæйы уæнгтæй кæцыдæртæ райстой травмæтæ ӕмӕ сӕ дохтыртæ рацух кодтой ерыстæй", — загъта Зæгъойты Гамлет.

Уый ма банысан кодта, спортсментӕ цасдӕр рӕстӕг кӕй баулӕфдзысты, стӕй та ног тыхтимӕ ӕрӕвналдзысты сӕхи ӕндӕр ерыстӕм цӕттӕ кӕнынмӕ.

Ӕмбуар хæсты IV дунейон чемпионат цыд Мæскуыйы 22-23 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0