Зæгъойты Алан бацыд Уæрæсейы æмбырдгонды скондмæ Конфедерациты Кубокыл

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæЗӕгъойты Алан, ирон футболист
Зӕгъойты Алан, ирон футболист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг футболы стъалыйæн лæвæрд æрцыд шанс, ацы аз æрмæстдæр 17 минуты кæм ахъазыд, уыцы æмбыдгондæн ахъазын

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Мæскуыйаг ӔЦСКы æрдæгхъахъхъæнæг Зæгъойты Алан бацыд Уæрæсейы футболон фæуæрæхдæргонд æмбырдгонды скондмæ 2017 азы Конфедерациты кубокыл, хъусын кæны агентад "Р-Спорт".

Игрок ЦСКА Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зӕгъойты Алан ӕрӕвнӕлдта тренировкӕтӕм травмӕйы фӕстӕ

Мыхуыры орган куыд хъусын кæны, афтæмæй Зæгъойты Алан ацы аз уæрæсейаг æмбырдгонд командæйы сконды арвыста æрмæстдæр 17 минуты Бельгийы æмбырдгондимæ хъазты (3:3). Футболист ма æмбырдгонды сконды нæ хъазыд 25-æм туры мæскуыйаг "Локомотив"-имæ матчы райсгæ травмæйы тыххæй.

Конфедерациты кубок ацæудзæн Уæрæсейы 17 июнæй 2 июльмæ Казань, Сочи, Санкт-Петербург æмæ Мæскуыйы. Уæрæсейы æмбырдгонд ахъаздзæн къорд "А"-йы Ног Зеланди, Португали æмæ Мексикæйы æмбырдгонд командæтимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0