"Ирыстоны" бынаты самайдзысты ног уазæгдон

© Sputnik / Ада БагианГостиница Ирыстон
Гостиница Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгатирыстойнаг бизнесмен Бердиаты Вадим сараздзæн уазæгдон "Ирыстоны" бынаты ног цыппарстъалыйон отель

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Уæрæсейы президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков æруынаффæ кодтой цæгатирыстойнаг бизнесмен Бердиаты Вадимимæ Цхинвалы тæккæ центры ног уазæгдоны арæзтадыл.

Гостиница Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазӕгдон – горӕты цӕсгом

Бибылты Анатолий зæрдыл æрлæууын кодта, зæронд уазæгдон "Ирыстон" нырыккон домæнтæн дзуапп кӕй нæ дæтты, стæй æгас республикæйы нæй æндæр хæзвадат уазæгдæттæ. 

Уыимæ иумæ паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, уазæгдоны æддаг бакаст кӕй хъæуы ӕнӕмӕнгӕй бахъахъхъæнын æмæ бахатыд, цӕмӕй нардуатон организацитӕ бахынцой ацы домæн.

Владислав Сурков баххæст кодта, хорз уазæгдæттæ кæй ссисты нырыккон горæтты æнæиппæрд хай, адæмæн ахсджиаг сты хæрзвадат уавæртæ. Уый ма бауынаффӕ кодта Бердиаты Вадимæн бæстонӕй банымайын, цас слæудзæн уазæгдоны арæзтад, цæмæй стæй ма бахъæуа курын уæлæмхас фæрæзтæ.

Уынаффæты рæстæджы арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард радзырдта, Бердиаты Вадимæн уазæгдæттæ арæзтады хаххыл кæй ис фæлæрддзинад. Цæгат Ирыстоны самадта æртæ уазæгдон æмæ кæронмæ фæхæццæ кæны цыппæрæм "Hilton"-ы арæзтад.

Уазӕгдон Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Цхинвалы хъæуы саразын ног нырыккон уазæгдон

Уазæгдон арæзт æрцæудзæн Инвестпрограммæйы фæрæзтæй. Ног уазæгдоны бæстыхай ратдзысты 25 азы æмгъуыдмæ æминвесторæн арендæйы, паддзахад та исдзæн æфтиагджы 15%.

Уазæгдоны арæзтадмæ бавналдзысты 2018 азы февралы.

"Сентябры онг хъауамæ райсæм паддзахадон экспертизæйы хатдзæг, ноябры ныппырх кæндзысты зæронд бæстыхай. Кæд арæзтад райдайа 2018 февралы, уæд эксплуатацимæ раттыны датӕ хауы 2019 азмæ", — загъта Зæгъойты Эдуард.

Уазæгдоны ныридæгæн цæры 16 лигъдон бинонтæ, уыдон æндæр бынæттæм хъуамæ ракæна Цхинвалы мэрия. Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад дæр, кӕцы кусы ацы бӕстыхайы, 1 августмæ ссæрибар кæндзæн уазæгдон, уый ахиздзæн раздæры сывæллæтты поликлиникæйы агъуыстмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0