Уæрæсейы бон Цхинвалы: Ансамбль "Русь", фоторавдыст æмæ ирон хъазт

© РХИ Культурӕйы министрадУӕрӕсейы бон Хуссар Иры
Уӕрӕсейы бон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы боны цытӕн Цхинвалы цӕрджыты йе сфæлдыстадимæ базонгæ кæндзæн ВХА "Русь", фæстæ нæ фæлæудзысты ирон кафты дæснытæ дӕр

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уæрæсейы бон Хуссар Ирыстоны банысан кæндзысты вокалон-хореографион ансамбль "Русь"-ы гом концерт, ирон хъазт æмæ фоторавдыстæй, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады.

"Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы культурæты министрæдты ʻхсæн дыууæварсон мадзæлтты фæлгæтты 12 июны Цхинвалы ПККЗ "Чермен"-ы 17.00 сахатыл ацæудзæн уæрæсейаг къорд "Русь"-ы гом концерт. Сфæлдыстадон къорд сæххæст кæндзæн йæ репертуары сæйраг номыртæ", — загъта уагдоны пресс-секретарь Остъаты Мӕдинӕ.

Уый ма банысан кодта, бæрæгбоны цытæн культурæйы министрады дӕлбаруӕвӕг Адæмон сфæлдыстады центр дæр кӕй бацæттæ кодта сæрмагонд нывæзт.

Дом правительства РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы боны тыххæй Хуссар Иры баулæфдзысты æртæ боны фæд-фæдыл

"Центр хоны цӕрджыты 18:30 сахатыл Къостайы сквермæ адæмон кӕфтыты æмæ хъӕзтыты изæрмæ. Уымæй дарддæр ма ам фенæн уыдзæн къамты равдыст дæр", — балхынцъ кодта пресс-секретарь.

Уæрæсейы бон у иууыл æвзонгдæр паддзахадон бæрæгбæттæй сæ иу, уымæн бындур æрæвæрдтой 1990 азы, РСФС Адæмон депутатты съезд куы райста бæстæйы паддзахадон суверенитеты фæдыл Деклараци, уӕд.

Хуссар Ирыстоны ацы датæ улæфт боныл нымад цæуы 2005 азæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0