Америкæйаг бæлццæтты дисы баппæрстой мыггаджы мæсгуытæ Рукъы

© Sputnik / Наталья АйриянАмерикæйаг бæлццæттæ
Америкæйаг бæлццæттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Америкæйаг Ранджин Шарма æмæ Джон Лоусон уыдысты дунейы 191 бæстæйы æмæ ацы къуыри фæуазæг сты Хуссар Ирыстонмæ

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Америкæйаг туристтæ, Кавказы балцы уæвгæйæ, æрхæццæ сты Хуссар Ирмæ дæр. Уыдон бабæрæг кодтой мæсгуытæ Рукъы хъæуы, цхинвайлаг фæндзæм скъолайы кæрты мемориалон уæлмæрд æмæ ацаходыдтой ирон уæлибыхтæй. Цхинвалмæ сæ æрхуыдта хæрзаудæн фонд "Куырдалæгон".

Бизнесмен Джон Лоусон æмæ дохтыр-иммунолог Ранджин Шарма сæ куыстæй сæрибар рæстæг абалц кæнынц дунейыл. Уыдон ныридæгæн уыдысты 191 бæстæйы æмæ кæдæм фæнды ма ныццæуой, уыдоны цымыдис кæны хуымæтæг адæмы цард, алы адæмты культурæ æмæ традицитæ.

"Алы балц дæр нын у зонгæдзинад цыдæр ногимæ, никуы вæййы бæрæг, цы нæм æнхъæлмæ кæсы радон балцы", — загъта Лоусон.

Сæ радон маршрутæй уыдон равзæрстой Кавказ æмæ рацыдысты Эльбрусæй Цхинвалмæ.

Бæлццæттæ дзурынц, Америкæйы Кавказы тыххæй бирæ кæй ницы зонынц.

Виды Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгатæй хуссармæ: дзӕуджыхъӕуккаг туристтæ ныггуылф кодтой Цхинвалмӕ

"Америкæйæгтæн Кавказимæ ассоциацитæ ис æрмæстдæр Дагестан æмæ Цæцæнимæ, сæ хъуыдыйы уый баст у æрмæстдæр террористтимæ. Мах æцæгдæр нырма уынæм хæсты фæдтæ, фæлæ ам ис алæмæттаг пейзажтæ, хæхтæ, хорз адæм… Ис уæм тынг хæларзæрдæ адæм", — загъта Ранджин.

Фæндзæм скъолайы кæрты мемориалон уæлмæрдмæ бацæугæйæ, цы ран ныгæд сты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ, бæлццæттæ загътой, ахæм уæлмæрдтæ ма кæй ис босниаг Сараевойы.

Бæлццæттæ ма нымайынц, Хуссар Иырстонмæ кæй у зын бахауæн арæныл.

"Мах æнхъæлмæ кастыстæм разыдзинадмæ апрелæй нырмæ, æрцæуын та нын бантыст æрмæстдæр сæрды астæу. Хуыцаубоны мах уыдзыстæм хæдзары, Америкæйы æмæ дих кæндзыстæм не ′мгæрттимæ нæ тæлмæнтæ", — дзурынц уыдон.

Хæрзаудæн фонд "Куырдалæгон"-ы минæвар Зæгъойты Рустам радзырдта Sputnik, фонд кæй архайы республикæмæ куыд фылдæр нымæц туристтæ æрбаздахыныл, цæмæй хуымæтæг адæмы уылты дунейы æхсæнад куыд фылдæр базоны Хуссар Ирыстоны истори æмæ культурæйы тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0