Банымады 9 аз фæсивæд банысан кодта ирон хъазтæй

© Sputnik / Фатима Плиева26 августа
26 августа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы сæ арæхстдзинад равдыстой Дзауы районы сфæлдыстадон коллективтæ æмæ ХИПУ хореографион къорд "Сæрмæт". Профессионалон коллективтæй дарддæр ма симды бацыдысты æрæмбырдуæвджытæй иууыл ныфсхасттæ дæр

ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы æрдыгæй банымайыныл 9 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ балхынцъ сты Цхинвалы Ногдзауты парчы ирон хъазт "Уазæгуаты Аланты фæсивæдмæ"-йæ. Мадзалы сæ арæхстдзинад равдыстой Дзауы районы сфæлдыстадон коллективтæ æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хореографион къорд "Сæрмæт".

День государственного флага Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уагъд цæуы фотоконкурс "Паддзахад Алани"

Симд, хонгæ æмæ æндæр кæфтытæ кæрæдзи ивтой. Дзауы районы культурæйы хайады дæлбар хор æмæ районы æндæр сфæлдыстадон къордтæ – "Нартæ", "Скиф", "Фидæн" æмæ æндæртæ сæххæст кодтой ирон зарджытæ æмæ кæфтытæ. Профессионалон коллективтæй дарддæр ма симды бацыдысты æрæмбырдуæвджытæй иууыл ныфсхасттæ дæр.

Хъазты цур фенæн уыд хæдбардзинады банымадыл 9 азы сæххæстæн нывонд фотоконкурс "Южная Осетия-Алания-2017"-йы архайджыты куыстæй. Культурæйы министрады цур адæмон сфæлдыстады республикон центры фоторавдысты фенæн уыд Ирыстоны æрдз, портретон нывтæ æмæ зындгонд гоймæгты хуызисттæ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваИрон хъазт
26 августа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон хъазт

 

Бæрæгбонæн нывонд цытджын мадзӕлттӕ фӕуыдзысты салютӕй изæры 9 сахатыл.

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад официалонӕй нымад ӕрцыд Уӕрӕсейы президент Дмитрий Медведевы сӕрмагонд барамындӕй 2008 азы 26 августы. Ацы политикон актӕн уыд егъау нысаниуӕг йӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадыл тохгӕнӕг адӕмы хсӕн – кӕронмӕ бахӕццӕ сӕ бирӕазон ӕмӕ уӕззау фӕндаг ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0