Хуссар Иры генпрокурор радзырдта, цæй мидæг аххосджын кæнынц Къæбысты Георгийы

© Sputnik / Наталья АйриянГенералон прокурон Дзæгъиаты Уырызмæг
Генералон прокурон Дзæгъиаты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Генпрокурор радзырдта, цы ссардтой Къæбысты Георгийы хæдзары басгæрсты рæстæджы æмæ цы бæрн æрцæудзæн æвæрд бастдзинады баиугæнды раздæры сæргълæууæг Коцты Валерийыл

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны бастдзинады экс-министр Къæбысты Георгийы аххосджын кæнынц экономикон фыдракæндтæ саразыны, ацы хъуыддагæн ницы политикон бындур ис, загъта йæ интервьюйы ГТРК "Ир"-æн генералон прокурон Дзæгъиаты Уырызмæг.

Георгий Кабисов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлдæр тæрхондоны коллеги æнæивгæ ныууагъта Къæбысты Георгийы ахæст

Амæй размæ прокуратурæ бакодта Къæбысты Георгийы ныхмæ уголовон хъуыддаг "кусæгон барты сæрты ахизыны" статьяйы фæдыл. 7 ноябры уый æрцыд ахст 48 сахаты æмгъуыдмæ, фæлæ фæстæдæр Цхинвайлаг горæттаг тæрхондон рахаста скъуыддзаг ахæсты æмгъуыд иу мæйы онг адарддæр кæнын.

Къæбысты Георгийы æрцахст сæвзæрын кодта резонанс хуссарирыстойнаг æхсæнады æмæ ссис дискусситы темæ республикæйы цæрджыты æхсæн социалон хызæгты.

"Ацы уголовон хъуыддагмæ чи цымыдис кæны, уыцы æмбæстæгтæн фидарæй мæ бон у зæгъын, хъуыддаджы кæй нæй политикон бындур æмæ дзы нæ уыд йæ райдианы дæр. Уголовон хъуыддæгтæ цы фыдракæндты фæдыл баконд æрцыдысты, уыдонæн ис экономикон нысаниуæг. Ис факттæ, кæцытæ ссисты бындур уголовон хъуыддаг бакæнынæн", — загъта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Ахæм фактты хсæн генпрокурор схуыдта "инвестицион æхцаты хуыснæгдзинады фæдыл фæлывд схемæты сырæзт". Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддæгтæ ис гæнæн ахæссын иумæйаг уголовон æмæ экономикон фыдракæндтæм. Дзæгъиаты Уырызмæг банысан кодта, слестгæнæн æмæ оперативон-агурæн мадзæлттæ дарддæр кæй цæуынц, басгæрсттæ уагъд æрцыдысты Къæбысты Георгийы сæрмагонд хæдзары.

Ӕнæзаконон æвæрд хæцæнгарзæй дарддæр ма, æддагон сгæрсты службæйы архайгæ кусæгмæ ссардæуыд сæрмагонд ифтонггарз телефонон ныхæстæм сусæгæй хъусыны фæдыл.

"Басгæрсты рæстæджы рабæрæг ис, ифтонггарз кæй нæ уыд сæрмагонд дæлхайады балансыл, фæлæ у йæхи сæрмагонд исад. Уый дæр æппæрццаг æндæвдад дæтты ацы хъуыддагыл", — загъта генпрокурор.

Уый ма ранымадта ифтонггарз, кæцы ссардтой Къæбысты Георгийы хæдзары.

Къӕбысты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къӕбысты Георгийы хъуыддаг: адвокат бахъаст кодта ахӕсты фӕдыл скъуыддзагыл

"Ӕмбарын æй, сæрмагонд службæтæ ацы ифтонггарзæй пайда кæнынц, фæлæ уæд хъуамæ уа сæ балансыл", — загъта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Къæбысты Георгийы хæдзары барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ ссардтой бирæнымæц паддзахадон службæйы æвдисæндартæ, сæрмагонд номерон нысæнттæй пайда кæныны бартæ, куыд Хуссар Иры серитæй, афтæ Цæгат Ирыстоны.

Генпрокурор комментаритæ скодта, Къæбысты Георгийы ныхмæ уголовон хъуыддаг конд кæй ʻрцыд Посты баиугонды сæрдар Коцты Валерийы куырдиатмæ гæсгæ.

"Коцты Валериймæ цы хауы, уый тыххæй та мæ зæгъын фæнды, ахæм дам-думтæ цæуы ома, уый куыд Цæгат Ирыстоны фирмæ "Электросвязь" иунæг бындурæвæрæг, кæцы æрхаста республикæйæн стыр зиан, ницы бæрндзинад хæссы. 2006 азæй фæстæмæ уый пайда кодта Хуссар Ирыстоны частотатæй, æнæ бадзырд æмæ хъалонтæй, уый цы зиан ʻрхаста, уый раздахдзæн уголовон, науæд та æмбæстагон хъуыддаджы руаджы", — загъта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Уымæй размæ Хуссар Ирыстоны экс-президенттæ Цыбырты Людвиг, Кокойты Эдуард æмæ Тыбылты Леонид æрлæууыдысты фæдзæхстады. Фæлæ тæрхондон нæ аивта Къæбысты Георгийы ахст.

Ног хабӕртты лентӕ
0