Хъайтары уынг: Мӕргъиты Ацӕмӕзы цыбыр, фӕлӕ ирд цард

© Sputnik / Плиты Фатимæ Мæргъиты Ацæмæз
Мæргъиты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕргъиты Ацӕмӕз рацард ӕрмӕстдӕр 24 азы, йӕ цыбыр царды уалдзӕг ӕрхауд 1990-ӕм ӕзтӕм – уӕд ма нӕлгоймагӕн сӕйраг уыдысты намыс ӕмӕ кад, ӕмӕ уыцы хӕрзиуджытӕй хайджын уыд ацы ӕвзонг лӕппу

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сæйраг сахар Цхинвалы дæс уынгæн ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзтæй фæстæмæ радтой ног нæмттæ. Уымæй сæнусон кодтой республикӕйы 1989-2008 ӕзты Фыдыбæстӕйон хæстыты хъайтарты нӕмттӕ. Аразджытӕ кӕнынц ног уӕлфыстытӕ, адӕмы хсӕн цадӕггай фидар кӕнынц уынгты ног топонимтӕ, кӕстӕр фӕлтӕр цымыдис кӕнынц се ‘сгуыхтдзинӕдтӕм.

Уыцы лӕппутӕй иу уыд Хуссар Ирыстоны, Абхазы ӕмӕ Кавказы хъайтар Мӕргъиты Ацӕмӕз дӕр. Лӕппу расгуыхт канд йӕ райгуырӕн республикӕйы нӕ, фӕлӕ ма йӕ ном айхъуыст фӕсарӕнтӕм дӕр. Цавӕр адӕймаг уыд хӕсты хъӕбатыр, уый мысынц йе ‘ввахс адӕм ӕмӕ хӕстон ӕмгӕрттӕ.

Хъайтары уынг

Цхинвалы цæгат-скæсæн хайы ис Ирыстоны хъайтар Мæргъиты Ацæмæзы уынг. Раздæр уынг хаста Уæрæсейы империйы 1912 азы Фыдыбæстон хæсты æфсады инæлар Михаил Кутузовы ном, ныридæгæн та йыл фæзынд ног номимæ уæлфысттæ. Мӕргъиты Ацӕмӕзы цыбыр хæрзарæзт уынг баиу вæййы Хуыбылты Валерийы уынгимæ. Дыууæ зынгхуыст хъайтарæн фæрсæй фæрсмæ сты абон сæ уынгтæ, иумæ цыдысты се ‘взонджы бонтӕ дæр. Иумӕ тох кодтой хæсты дæр.

© Sputnik / Фатима ПлиеваМæргъиты Ацæмæзы уынг
Улица Ацамаза Маргиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæргъиты Ацæмæзы уынг

"Бирӕ уарзтой Ацӕмӕзы ӕмгарӕй дӕр, ӕмӕ сыхагӕй дӕр. Уынгӕн ме ‘фсмӕры ном куы радтой, уӕд ыл тынг фӕцин кодтой цӕрджытӕ. Алчи дӕр ӕй бирӕ уарзта…", — мысы зынгхуыст хъайтары хо Нонна.

Хæст райгуырæн бæстæйы, куыд бинонты уавæр

Ацӕмӕз ахуыр кодта Цхинвалы 7-ӕм скъолайы, ахуырмӕ рӕвдз, ӕгъдауджын ӕмӕ намысджын лӕппу. Цалынмӕ Хуссар Иры хӕст нӕ райдыта, уӕдӕмӕ Ацӕмӕз куыста Советон æфсады Ахуыргæнæн центры инструкторӕй Уӕрӕсейы кӕцыдӕр горӕты, цæттæ кодта Афганистаны хæстмæ фӕсивӕды. Фӕсаууонмӕ ахуыр кодта Волгограды милицийы скъолайы.

© Sputnik / Бинонты архивæй къамХуссар Иры Фыдыбæстон хæсты хъайтар Мæргъиты Ацæмæз
Хуссар Иры Фыдыбæстон хæсты хъайтар Мæргъиты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Фыдыбæстон хæсты хъайтар Мæргъиты Ацæмæз

Хуссар Иры 1991азы хæстон архӕйдтытæ куы сытынг сты, уæд фæстæмӕ сæ райгуырæн бæстæм райдыдтой здӕхын фæсивæд, кӕцыдæрты бахъуыд сæ ахуыр æмæ куыстытæ ныууадзын. Афтæ Хуссар Ирыстонмæ фӕдисы ӕрыздӕхтысты æрцыдысты Мæргъиты Ацæмæз æмæ йе ‘мгар Роберт дæр. Роберт абон дӕр мысы хӕ хӕлары адӕймагдзинад, удуӕлдайдзинад фыдыбӕстӕ ӕмӕ ӕввахс адӕмы бахъахъхъӕныны хъуыддаджы.

"Хæст куы сытынг ис ам, уæд ма нæ цы хъуамæ баурæдтаид æцæгæлон бæсты. Фæдзæхстой мæ, мæ ахуыр кæй ныууагътон, ууыл кӕй фæфӕсæмон кæндзынæн. Фæлæ фӕстӕдӕр сæрибар Ирыстон куы федтон, уӕд ма цӕй фӕсмон ӕмӕ цӕй цыдӕр! Уымæ бæллыд ме ʻмгар Ацӕмӕз дæр. Ууыл тох кодтам иумӕ Хуыбылты Валерийы разамындæй, нӕ къорд та хуынд "Водхоз", — дзуры Роберт.

Ацӕмӕз дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныууагъта йӕ ахуыр, фӕлӕ фæнд кодта фæстæмæ аздæхын йæ ахуыр адарддæр кæнынмæ, райгуырæн бæстæйы уавæр куы ӕрсабыр уыдаид, уӕд.

"Сабийæ йæ никуы цымыдис кодта хæстон куыст, фæлæ йӕ ‘фсады фæстæ бауарзта, ацы хаххыл фæсаууонмæ ахуыр дӕр кодта, æмæ кусгæ дæр. Фӕлӕ Хуссар Иры нал нымæг кодта хӕст, уæд Ацӕ ныффыста куырдиат, цæмæй йæ ссæрибар кæной йӕ куыстӕй "бинонты уавæрты тыххæй". Уыцы гæххæт абон дæр ис. Ме фсымӕр Хуссар Иры бӕллӕх нымадта йæ бинонты зындзинадыл", — радзырдта Нонна.

Абхазы хæсты мæй

Хуссар Ирыстоны хæстон архӕйдтытæ куы ӕрсабыр сты, уæд та спиллон кодтой Абхазы. Сæхи бæрæзæйыл Гуырдзыстоны гадзрахат чи банкъардта, уыдон атындзыдтой æфсымæрон республикæмæ æххуысмæ. Абхазмӕ фыццаг Хуссар Ирыстонæй ныццыд Хуыбылты Валериийы къорд, ӕдӕппæтæй 52 æфсæддоны, йе ʻсконды уыд Мæргъиты Ацæмæз дæр йӕ хӕлӕрттӕ Роберт ӕмӕ Тамерланимӕ. Лӕппутӕ цардысты иу районы, чысылӕй фӕстӕмӕ уыдысты иумӕ, иумæ афæндараст сты Абхазы хæстмæ дӕр.

"Мах цыдыстӕм ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ нæхиуыл бавзæрстам Гуырдзыстоны агресси, уыдыстæм фæлтæрд æмæ нæм сидт æфсымæрдзинады хæс. Хъæрæсейы онг ныццыдыстæм хæдтулгæтыл, уырдыгæй æфцгуытыл цыдыстæм æртæ боны дæргъы. Федтам дзы цымыдисон историон цыртдзæвæндтӕ", — дзуры Роберт, уыцы ивгъуыд бонтӕ мысгӕйӕ.

Хуыбылты Валерийы хæстхъом къорды ном Абхазы айхъуыст дардыл. Ацы лӕппутӕн бирӕ бантыст — ссӕрибар кодтой цалдӕр бӕрзонды, хъахъхъӕдтой позицитӕм схизӕнтӕ ӕмӕ сӕхицӕн скодтой фидар хӕстхъом къорды ном. Къорды лӕппутӕй цалдæрæй райстой бӕрзонд хорзæхтæ.

© Sputnik / Мæргъиты Ацæмæзы бинонты архивæй къамМæргъиты Ацæмæз
Мæргъиты Ацæмæз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæргъиты Ацæмæз
Фӕлӕ хӕст ӕнӕ фыдбылыз кӕд вӕййы. Гаграмӕ бацӕуӕны тохы фӕмардысты цалдӕр ирон лӕппуйы, се ‘хсӕн уыд Ацӕмӕз дӕр. Ам сын фӕстӕдӕр сӕвӕрдтой сæрмагонд цырт дæр.

"Сомихаг бæрзондыл уыдис нæ фыццаг стыр тох. Кавказаг иннӕ къордты ‘хсæн мах уыдыстæм фæлтæрддæр. Абхазы размынды хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кодтам. Уый фæстæ нæ акодтой Гаграйы хаххы Бзыбьмæ. Уый уыд Цхинвалы ТЭК-мæ æнгæс бынат. Уыд 1992 азы августы мæй. Бацыдыстӕм уӕззау тохы. Ацæмæзимæ фæцæйцыдыстæм нартхоры быдыры, афтӕмӕй нӕ фехста танк. Нӕмыг сæмæлд бæласыл, йӕ къæрттытæ Ацæмæзæн сӕмбæлдысты йæ сæрыл. Стӕй та уыд дыккаг æхст йæ фæстæ. Ацæйæн йæ цæфтæ уыдысты уæззау æмæ йын аирвæзæн нал уыд", — кӕд бирӕ ӕзтӕ рацыд, уӕддӕр Роберт иттӕг хорз хъуыды кӕны уыцы тохы алы уысм дӕр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕдзард лӕппуйы чи бабын кодта, уыдон дӕр ӕнӕфхӕрд нӕ баззадысты.

Хуссар Ир, Абхаз æмæ Кавказы хъайтар

Роберт ӕмӕ Тамерлан кӕрӕдзи дзыхӕй скъӕфынц Ацӕмӕзы тыххӕй мысинӕгтӕ, кӕм бахудынц, кӕм нынкъард вӕййынц, кӕм та сӕ ныхӕсты разыны сӕрыстырдзинад сӕ хъайтар ӕмбалӕй. Уыдон катай кӕнынц, ахӕм зӕрингуырдтӕн Хуыцау цӕрӕнбон бирӕ кӕй нӕ рахицӕн кӕны.

"Скъолайы дæр уыд размæцыд ахуырдзау — асæй, æгъдауӕй, ахуырæй æмæ спортивон цæттæдзинадæй, алы хъуыддаджы дӕр Ацӕ уыд фӕзминаг. Афтӕ уыд царды дӕр — æнахуыр æгъдауджын, намысджын, рæстдзинадыл хæст, уæйыджы ӕсмӕр лæг. Йæ цурты цӕугӕйæ-иу цыма йæ дзыппæй схаудтӕн, ахæм хуыз мын уыд. Абоны онг цæргæйæ куы баззадаид, уæд цыфæнды бæрнон бынаты дæр бакуыстаид хорз. Чи зоны уæд нæ республикӕ дæр хуыздæр цыдаид размæ", — катай кӕны Тамерлан.

Мӕргъиты Ацӕмӕзы 1992 сӕрды кӕрон ӕрластой Цхинвалмӕ. Хъайтар йе ‘нусон бынат ссардта фӕндзӕм скъолайы кӕрты Гуырдзыйы агрессийы амӕттӕгты мемориалон уӕлмӕрды. Йӕ фӕстӕ ныууагъта йӕ чызг Аннайы, хъӕбатыр лӕджы ӕнӕмӕлгӕ ном ӕмӕ уынг Цхинвалы. Йӕ амӕлты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыд Абхазы уӕлдӕр хорзӕх — "Орден Леона"-йӕ, ӕрцыд ын лӕвӕрд "Кавказы хъайтары" ном дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0