Хуссар Иры МХМ амоны скъоладзаутæн хорз æвзæрæй хицæн кæнын

© Sputnik / Алексей КовалевСотрудник ГАИ на улице в Цхинвале
Сотрудник ГАИ на улице в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инспектортæ æнæдызæрдыг сты, ахæм фембæлдтæ кæй сты ахъаз æнахъомты æхсæн фæтк халыны цауты рагфæдзæхст кæнынæн

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Ӕнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспектортæ Хуссар Ирыстоны скъоладзауты зонгæ кæнынц æхсæнадон бынæтты хи дарыны уагæвæрдимæ, хъусын кæны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Инспектортæ æнæдызæрдыг сты, ахæм фембæлдтæ кæй сты ахъаз æнахъомты æхсæн фæтк халыны цауты рагфæдзæхст кæнынæн. Радон фембæлд сын уыд 10-æм æмæ 11-æм цхинвайлаг скъолаты кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтимæ.

Хуссар Иры фӕкъаддӕр сты ӕнахъомты ‘хсӕн фыдракӕндтӕ

"Кæстæр контингент æнæнхъæлæджы нæ равзæрстам. Хъомыладон куыст хъæуы райдайын сабибонты. Сывæллон ахъуыды кæндзæн йæ архæйдтыты фæстиуджытыл, куы йын радзурæм, иу кæнæ аннæ æвзæр ми саразгæйæ, цы тасы бахауæн ис, уæд", — загъта инспектор Гаглойты Элина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг нысан у – ма руадзын фæткхалæн цаутæ сывæллæтты æрдыгæй æмæ раст фæндагæй чи фæцудыдта, уыцы сывæллæттæм æххуысы къух фæдаргъ кæнын.

Инспектортæ амонынц скъоладзаутæн, куыд дарын хъæуы хи æхсæнадон бынæтты, скъолайы, амонынц сын хорз æвзæрæй хицæн кæнын. Уыдон бамбарын кодтой ахуыргæнинæгтæн, алы адæймаг дæр кæй хæссы бæрндзинад йæ архæйдтытæн.

Ӕнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы хыгъдыл ис 12 сывæллоны. Алы æнахъомимæ дæр инспектортæ кусынц индивидуалонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0