Цӕгат Иры ӕрдзон ресурсты министрад фӕдзӕхсы зынгирвӕзттӕй

© Sputnik / Игорь Агеенко /  Ахизын медиабанкмæВозгорание сухой травы
Возгорание сухой травы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны хыгъд радтой майы бӕрӕгбӕтты зынгирвӕзттӕн ӕмӕ радзырдтой ӕввахс бонтӕм боныгъӕды тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Ӕввахс бонты Цӕгат Ирыстоны тыгъд быдырты ӕнхъӕлмӕ кӕсынц зынгирвӕзттӕй астӕуккаг тӕссагдзинадмӕ (3 кълас), иннӕ бынӕтты та ныллӕг тӕссагдзинадмӕ (2 кълас), хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны ӕрдзон ресурсты ӕмӕ экологийы министрад гидрометеорологион бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Уагдоны пресс-службӕйы банысан кодтой, майы улӕфт бонты Уӕрӕсейы хъӕды фонд кӕй не сбӕрӕг кодта зынгирвӕзттӕ Цӕгат Ирыстоны территорийыл.

Афтӕ ма ӕрдзон ресурсты министрады бафтыдтой, хъӕды инспектортӕ дарддӕр дӕр сӕ хъус кӕй дардзысты хъӕды фадгуытӕм.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0