"Стыр Ныхас"-ы бындурыл арæзт цæуы Мыггаджы тæрхон

© Картина М. ТугановаТугъанты Махарбеджы куыст
Тугъанты Махарбеджы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Иры Стыр Ныхас"-ы Тæрхон скъуыддзаг кæндзæн хъаугъайаг фарстытæ, таудзæн хæлардзинад, фидауын кæндзæн туджджынты æмæ бахъуыды рæстæджы хæсдзæн хъодыйы тæрхон дæр

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Ӕппæтадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы бындурыл арæзт æрцæудзæн Ирыстоны мыггæгты тæрхон. Алы мыггаг дæр хъуамæ равзара иу дзырддзæугæ æгъдауылхæст лæджы æмæ уыдонæй сфæлтæрдзæн Тæрхон, хъусын кæны змæлды пресс-службæ.

Иры Стыр Ныхас - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Стыр Ныхас" сиды кувæндæттæм карз нозт хæссыныл тобæ сæвæрын

Тæрхон хъуамæ сырæза дæс боны æмгъуыдмæ, "Стыр Ныхас"-ы уанелы уынаффæ æххæстгæнгæйæ, координацион совет хъуамæ сфидар кæна ног организацийы сконд.

Змæлды хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй Тæрхоны лæгты размæ лæудзæн хæс, ирон æгъдауы сæрты ахизгæйæ, стыр æнæгъдаудзинад чи равдиса, адæмæн йæ æбуалгъ митæй знаггад чи хæсса, уыдонимæ кусын. Йæ иннæ хæс та уыдзæн адæмы хсæн хæлардзинадыл кусын, фидауын сæ кæнын, цы хъаст сæм бахæссой, уый равзарын.

"Тæрхоны дзырддзæугæ лæгтæ фидауын кæндзысты туджджынты дæр. Архайдзысты дзыхы ныхасæй, зæрдæйы ахастæй, цæстуарзон уынаффæтæй. Фæлæ уыдоны сæрты дæр чи ахиза, уыдонæн та цы мыггагæй сты, уыдон рахæсдзысты хъодыйы тæрхон – нал сын салам дæтдзысты, нал сæм сæ хъыгмæ дзурдзысты, нал сæ цинмæ хондзысты. Æмæ ма адæймагдзинады æууæлтæ кæмæ баззад, уымæн уымæй стырдæр æфхæрд цы хъуамæ уа", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хъуыддаг аскъуыддзаг кæнынæн сын æхсæнадон змæлды хистæр Кучиты Руслан радта дæс боны. Ирыстоны ис мин мыггагæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0