"Фарастæй иумæ": Цхинвалы равдисдзысты Багаты Амираны къордыл киноныв

© Архивное фотоДжиоты Азæмæт æмæ Багаты Амиран
Джиоты Азæмæт æмæ Багаты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документалон фильм таурæгъ кæндзæн ирон лæппуты хъайтардзинадыл, кæцытæ 2008 азы хæсты Уырысы æххуысы рцыдмæ урæдтой хотыхджын æнæкæрон гуырдзиаг æфсады

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны националон киностуди "Allonfilm" фæуд кæны куыст 2008 азы гуырдзиаг-ирон хæсты ирон лæппуты хъайтардзинады фильмыл. 35 минутон документалон лентæйы уæрæх экранмæ рахæсдзысты Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ йе 'мтохгæнджыты хъæбатырдзинад, фехъусын кодта Sputnik киностудийы директор Мамиты Григорий.

Баскетбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иры хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты номарӕн турнир райдыдта Цхинвалы

Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды командир Багаты Амиран йæ къордимæ 2008 азы хæсты æрлæууыд столицæмæ ныгуылæнæй бырсæг гуырдзиаг æфсæддонты раз. Уыцы къорд фараст адæймаджы скондæй æрурæдта æфсады æрбабырст. Хæсты архайджыты æвдисæнтæм гæсгæ, знаджы хотыхджын æфсады нымæц хызт 500 сæдæйæ.

Багаты Амиран æмæ йе 'мкусæг Джиоты Азæмæт (Пантера) фæмард сты ацы тохы. Сæ амæлæты фæстæ уыдон хорзæхджын æрцыдысты бæстæйы уæлдæр æфсæддон хорзæх "Уацамонгæ"-йæ. Цалдæр азы размæ сфæнд кодтой уыдон нæмттæ раттын "Мæскуыйаг" микрорайоны уынгтæн, фæлæ хъуыддаг цæмæдæр гæсгæ фæкъуылымпы.

"Документалон лентæ иумæйагæй нывонд у 2008 азы хæсты ирон лæппуты хъæбатырдзинадæн, кæцытæ Уырысы æфсады æрцыдмæ удуæлдай тохы хъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх. Сæрмагондæй та дзы дзырд цæудзæн Багаты Амираны къордыл. Фильмы кусæгон ном у "Фарастæй иумæ". Ис дзы, лæппуты хъайтардзинадæн æвдисæн цы цæрджытæ уыдысты, уыдон æмæ зындгонд спортсменты интервьютæ", — загъта Мамиты Григорий.

Уый ма радзырдта, киноныв фæнд кæнынц равдисын уæрæх экраныл августы.

"Куыст фæуд кæны, фæсивæдон организаци "Иугонд Алани"-имæ баныхас кодтам, цæмæй йын саразæм гом равдыст хæстыл дæс азы сæххæсты бонмæ", — бафтыдта уый.

Фильм фæзындзæн фыццаг мадæлон æвзагыл, стæй та уырыссагыл. Фæстæдæр фæнд кæнынц киноныв цыппар фестивальмæ бавдисын.

Киностуди "Allonfilm"-ы сконды Мамиты Григорийæ дарддæр архайынц Бестауты Юля, Хаситы Михаил, Цхуырбаты Сергей æмæ æндæртæ. Амæй размæ ма киностуди систа документалон фильм Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПӔК) æнæштатон кусæг, дывæр агент Колыты Иналы цардвæндагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0