Хос æмæ улæфт: Хуссар Иры Профцæдистæ æнхъарынц къаддæр аргъыл балцæгтæ

© Sputnik / Наталья АйриянНагутни
Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Балцæгтæ райсæн ис КавМинВоды-йы цыппар санаторимæ æмæ Цæгат Ирыстоны пансионаттæм

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны профцæдистæ æнхъарынц къаддæр аргъыл балцæгтæ Цæгат Кавказы хосгæнæн улæфæндæттæм. Балцæгтæ балхæнæн ис 20% асламдæрæй, профцæдисты уæнгтæн та сты ноджы къаддæр аргъыл, фехъусын кодта Sputnik РХИ Профцӕдисты советы сӕрдар Джергаты Жанна.

Балцæгтæ райсæн ис КавМинВоды-йы хосгæнæн санаторитæм æмæ цæгатирыстойнаг "Тамиск", "Урсдон" æмæ æндæр пансионаттæм.

"2008 азæй фæстæмæ архайæм цæрджыты æнæнизкæныныл, æрмæст профцæдисты уæнгтæ нæ, фæлæ нæм аннæттæ дæр æрбацæуынц. Балцæгтæ сын мах дæттæм 20% асламдæрыл, уый сын рацæуы 7-8 мин къаддæр. Профцæдисты уæнгтæн та ноджы цъусдæр у аргъ", — загъта уый.

Джергаты Жанна ма радзырдта, уыдонæн фадат ис сорганизаци кæнын балцтæ денджызы былыл уæвæг улæфæндæттæм дæр.

Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нагутнийы "Ныфс" хоны фæхуыздæргонд улæфæндонмæ

"Ис нын фадат денджызгæрон уæлæфæндæттимæ æмгуыст кæнын, фæлæ ивгъуыд æзты фæлтæрддзинад куыд равдыста афтæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæ фылдæр бæрцæй денджызмæ улæфынмæ цæуынц сæхи тыхтæй æнæ æхсæны лæгтæй", — бафтыдта уый.

Профцæдисты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны иууыл популярондæр сты Кисловодскы æмæ Железноводскы улæфæндæттæ. Уым хос кæнынц уыргтæн, мисындзæг æмæ æндæр низтæн. Æмткæй Хуссар Ирæй профцæдисты балцæгтæ балхæнгæйæ Цæгат Кавказы санаторийты баулæфы 200 адæймаджы бæрц.

Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ хæстæг улæфæндон "Ныфс"-мæ та улæфджыты æртыккаг къорд абалц кæндзæн 24 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0