Хуссар Иры ӕрцахстой Азийӕ ӕрцӕугӕты

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæРабота московской полиции
Работа московской полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты фӕивар кӕндзысты ӕнӕдымӕн тамакойы буарад "Насвай" ӕвӕрыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) наркотикон буарадтӕм хъусдарды кусджытӕ Убекистаны дыууӕ ӕмбӕстаджы цӕрыны бынаты ссардтой ӕмӕ байстой ӕнӕдымӕн тамакойы буарад "Насвай". Тобӕгонд тамакойы дыууӕ пакет барадхъахъхъӕнджытӕ ссардтой Цхинвалы Кочысаты Розайы уынгыл квартирӕйы уазалгӕнӕны, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой "Снюс"-имӕ

"РХИ МХМ экспертон-криминалистон центры басгӕрстмӕ гӕсгӕ уый разынд ӕнӕдымӕн тамакойы буарад "Насвай", кӕцыйы уӕз уыд 99,8 грамм", — банысан кодтой уагдоны.

Буарад ӕвӕрыны тыххӕй барадсӕтджыты фӕивар кӕндзысты фӕйнӕ 30 000 сомы бӕрц "Ӕууилгæ тамако "снюс" ӕмӕ "насвай"-ы æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл" законмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0