Сæххæст уыдаид 32 азы: Ирыстоны мысынц Къудухты Бесикы

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæБесик Кудухов
Бесик Кудухов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны номдзыд спортсментæ ныффыстой арфæйы ныхæстæ æдзард спортсмены райгуырæн боны фæдыл социалон хызæгты

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон номдзыд хъæбысхæцæг, олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты призер æмæ дунейы цыппар хатты чемпион Къудухты Бесикы мысынц Ирыстоны. Йæ хæлæрттæ, зындгонд спортсментæ æмæ тренертæ социалон хызæджы мыхуыр кæнынц æдзард чемпионæн йæ райгуырæн боны фæдыл арфæтæ.

Бесикы номарæн турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ацæудзæн Къудухты Бесикы номарæн республикон турнир

Къудухты Бесикыл абон сæххæст уыдаид 32 азы, æрыгон богалты кумиры фæтары кодта 2013 азы 29 декабры автомобилон катастрофӕ.

Йæ райгуырæн боны фæдыл арфæтæ æмæ Бесикы нывтæ социалон хызæгы ныммыхуыр кодтой Цæгат Ирыстоны спорты министрады сайт, Хæдæрцаты Асланы номыл хъæбысæйхæсты академи, олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан, Уæрæсейы чемпион Сидахъты Зауыр, олимпиаг чемпион Хуыгаты Алан æмæ æндæртæ.

"Дæ райгуырæн боны хорзæх дæ уæнт, чемпион", — ныффыста йæ фарсыл Instagram-ы Рæмонаты Сослан.

Æнгæс арфæтæ ныффыстой "r15.ru", æмæ "wrestling_academy" дæр.

Къудухты Бесик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къудухты Бесикы æртыккаг номарæн турнир ацæудзæн Краснодары

"Уый алкæддæр хъуыды кæндзысты куыд дунейы номдзыддæр богал афтæ, кæцыйы нын бантыст фенын нæ царды", — ныммыхуыр кодта "wrestling_academy" Instagram-ы.

Къудухты Бесик райгуырд 1986 азы Ленингоры районы Цхилоны хъæуы. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богал у дунейы цыппар хатты чемпион (2007, 2009, 2010, 2011 ӕзты), у 2007 азы Европæйы чемпион, 2008 азы Пекины Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер æмæ 2012 азы Лондоны Олимпиаг хъæзтыты æвзист призер.

Бесикы ном ма хӕссынц уынгтæ Краснодары æмæ Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0