Хуссар Ир нысан кӕны хӕдбардзинады банымады дӕсӕм юбилей

© Sputnik / Ревмира АлбороваДень признания независимости Южной Осетии Россией
День признания независимости Южной Осетии Россией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Юбилейон датӕ республикӕйы нысан кӕндзысты масштабон мадзӕлттӕй

ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны дӕсӕм хатт нысан кӕнынц республикӕйы Хӕдбардзинады банымады бон.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон суверенитет банымайыны фӕдыл указ бафыста 2008 азы 26 августы Уӕрӕсейы президент Дмитрий Медведев.

Указ бафыстой "Фондзбонон хӕстӕй" дыууӕ къуыри фӕстӕдӕр, Гуырдзыстоны къухдариуӕгад тыхӕй куы фӕнд кодта Хуссар Ирыстоны адӕмы скуынӕг кӕнын.

Гуырдзыстоны ӕфсад бабырстой Хуссар Ирыстонмӕ 2008 азы 8 августы. Артиллерион ӕхстыты фӕстиуӕгӕн фӕмард бирӕ сабыр цӕрджытӕ ӕмӕ фидауынгӕнджытӕ. Уый фӕстӕ Мӕскуы райдыдта Гуырдзыстоны ныхмӕ ӕфсӕддон операци, цӕмӕй бахъахъхъӕна йӕ ӕмбӕстӕгты.

МВД готово к обеспечению правопорядка и общественной безопасности в День признания независимости Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ цӕттӕ сты Банымады бонмӕ

Хӕсты фӕстӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз бадзырдтой Уӕрӕсемӕ, цӕмӕй сын банымайа сӕ хӕдбардзинад.

Парламенты дыууӕ палатӕ дӕр хорзыл банымадтой хъӕппӕрис, цӕмӕй банымайой республикӕты хӕдбардзинад. 26 августы Уӕрӕсейы президент Дмитрий Медведев бафыста Указтӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл.

Хуссар Ирыстоны адӕмӕн кӕронмӕ бацыд дӕргъвӕтин ӕмӕ уӕззау фӕндаг ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ. Паддзахадон суверенитеты банымад ӕрхаста стыр циндзинад республикӕйы цӕрджытӕн.

Встреча главы Северной Осетии с послом Сирии в России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сирийы минӕвар хайад райсдзӕн Хуссар Иры банымады юбилейы бӕрӕгбоны

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады бӕрӕгбон нысан кӕндзысты егъау мадзӕлттӕй — Цхинвалы ацӕудзӕн республикӕйы уазджыты ӕмӕ ӕхсӕнады бӕрӕгбонон ӕмбырд. Бӕрӕгбонмӕ фыццаг хатт ӕрцыд Сирийы минӕвар Мӕскуыйы Риад Хаддад. Афтӕ ма бӕрӕгбоны хайад райсдзысты Донецкы адӕмон республикӕйы (ДАР) лидер Александр Захарченко, Луганскы адӕмон республикӕйы (ЛАР) сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Леонид Пасечник, Абхаз, Арцах, Уӕрӕсейы регионты минӕвӕрттӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Афтӕ ма Цхинвалы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц УФ Федерацийы Совет ӕмӕ Паддзахадон думӕйы депутаттӕ, ноджы ма УФ президенты уынаффӕгӕнӕг Владислав Сурковмӕ.

Централон мадзал уыдзӕн театралон равдыст горӕты стадионы "Хуссар Ирыстон — хъӕбатырдзинады истори", кӕцыйы хайад райсдзысты дыууӕ мин адӕймаджы. Изӕры та ацӕудзӕн турнир ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй ӕмӕ уӕрӕсейаг стъалыты концерт, бон та фӕуыдзӕн бӕрӕгбонон фейерверкӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0