Цхинвалы райстой уазджыты, кӕцытӕ ӕрцыдысты Хуссар Иры банымады юбилеймӕ

© Sputnik / Наталья АйриянАнатолий Бибилов встречает гостей республики
Анатолий Бибилов встречает гостей республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕмӕ ӕрцыдысты делегацитӕ Уӕрӕсе, Сири, Итали, Донбассы республикӕтӕй ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй

ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны цӕуынц мадзӕлттӕ, кӕцытӕ сты нывонд республикӕйы хӕдбардзинады банымады цытӕн. Хуыцаубоны райсомӕй фӕстӕмӕ администрацийы агъуыстмӕ бахизӕны Бибылты Анатолий ӕмбӕлы уазджытимӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ бӕрӕгбонмӕ.

Цхинвалмӕ ӕрцыдысты делегацитӕ Уӕрӕсе ӕмӕ йӕ субъекттӕй – Мӕхъӕл, Хъырым, Хъӕрӕсе-Черкес, Кӕсӕг-Балхъар ӕмӕ Цӕцӕнӕй.

Афтӕ ма президент райста уазджыты Сири, Италиаг республикӕ, Луганск ӕмӕ Донецкы адӕмон республикӕтӕй, Науру, Арцах ӕмӕ Днестыргӕронӕй.

День признания независимости Южной Осетии Россией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир нысан кӕны хӕдбардзинады банымады дӕсӕм юбилей

Бирӕ бӕстӕты минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты сӕ бинойнӕгтимӕ, кӕцыты райста Хуссар Ирыстоны президенты бинойнаг Куымӕриттаты Линда.

"Ирон адӕм рацыдысты уӕззау фӕндаг сӕрибар ӕмӕ хӕдбардзинадмӕ. Дӕс азы размӕ мах нӕ уырныдта, искуы кӕй цӕрдзыстӕм сабырдзинады. Уӕрӕсейы банымады фӕрцы мах абон аразӕм сабыр цард ӕмӕ стыр ныфсимӕ кӕсӕм фидӕнмӕ", — загъта уый.

Куымӕриттаты Линда загъта, Сириимӕ, кӕцы банымадта республикӕйы хӕдбардзинад ацы аз майы, нывӕндынц бафыссын цалдӕр бадзырд.

"Стыр бузныг мӕ фӕнды зӕгъын ӕхсин Нуха Абдул Уахидӕн ӕмӕ Сирийы адӕмӕн, афтӕ ма Сирийы къухдариуӕгадӕн нӕ республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй. Мах араздзыстӕм алцыдӕр цӕмӕй фидар кӕнӕм хӕларадон ахастытӕ нӕ бӕстӕты ӕхсӕн", — загъта президенты бинойнаг.

Ныртӕккӕ президент Бибылты Анатолий ӕмбӕлы уазджытимӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ бӕрӕгбонмӕ.

Делегацитӕ райсыны размӕ дидинтӕ сӕвӕдтой уӕлмӕрды мемориалмӕ, кӕцы ис Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы кӕрты, цы ран 90-ӕм ӕзты ныгӕдтой Гуырдзыстоны агрессийы амӕттӕгты.

Хуссар Ирыстон хуыцаубоны нысан кӕны республикӕйы хӕдбардзинады банымады 10-ӕм юбилей. 2008 азы 26 августы "Фондзбонон хӕсты" фӕстӕ УФ президент Дмитрий Медведев бафыста указ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл. Уӕрӕсейы фӕстӕ республикӕты суверенитет банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.

Ног хабӕртты лентӕ
0