Цхинвалы ссардтой Хуссар Иры зынгхуыст хъахъхъӕнджыты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Наталья Айриян В Цхинвале почтили минутой молчания память павших защитников Южной Осетии
В Цхинвале почтили минутой молчания память павших защитников Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иууыл хъӕлдзӕг Уӕлахизы Бон дӕр вӕййы цӕстысыгтимӕ бӕрӕгбон, банысан кодта Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы бӕрӕгбонон ӕмбырды, кӕцы у нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадӕн, иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты рухс нӕмттӕ, кӕцытӕ фӕмард сты хӕсты рӕстӕджы.

Президент Бибылты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иууыл хъӕлдзӕг Уӕлахизы Бон дӕр вӕййы цӕстысыгтимӕ бӕрӕгбон.

"Уӕлахиз хӕсты тугӕй фидынц. Нӕ бӕстӕйы сӕрибар ӕмӕ сабырдзинад мах райстам нӕ адӕмы иууыл хъӕбатырдӕр фырттӕ ӕмӕ чызджыты фӕрцы, ӕмӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Стыр Уӕрӕсейы фӕрцы. Мах агурӕм Гуырдзыстоны агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ – сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ, зӕронд адӕм ӕмӕ сывӕллӕттӕ, кӕцыты амардтой уый тыххӕй ӕмӕ уыдысты ирӕттӕ. Нӕ адӕм равзӕрстой сӕрибардзинад, кӕцы тыххӕй бафыстой егъау аргъ", — загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.

День признания независимости Южной Осетии Россией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир нысан кӕны хӕдбардзинады банымады дӕсӕм юбилей

Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны адӕм уалынмӕ цӕрой, уӕдмӕ уыдзысты дидинджытӕ ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг хъайтарты цыртты раз. Ӕнусты адӕм уыдзысты бузныг хъайтартӕн, кӕцытӕ ӕрлӕууын кодтой агрессоры ӕмӕ фервӕзын кодтой Хуссар Ирыстон.

Хуссар Ирыстон хуыцаубоны нысан кӕны республикӕйы хӕдбардзинады банымады 10-ӕм юбилей. 2008 азы 26 августы "Фондзбонон хӕсты" фӕстӕ УФ президент Дмитрий Медведев бафыста указ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл. Уӕрӕсейы фӕстӕ республикӕты суверенитет банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.

Ног хабӕртты лентӕ
0