Ирон дзюдоист Джиоты Аслан ссис Европæйы кубокы æвзист призер

© Sputnik / Ада Багиан Знауыры районы дзюдойы скъола
Знауыры районы дзюдойы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг дзюдоист европæйаг ерысты фæхæрд ис æрмæст финалы румынаг спортсменæн

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгæнинаг Джиоты Аслан ссис Европæйы кубокы æвзист призер 100 кг уæлдæр уæзы категорийы, фехъусын кодта Sputnik скъолайы тренер Гæджиты Алан.

Европæйы кубок дзюдойæ нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгты хсæн цыд Словакийы. Кæронбæттæнон фембæлды размæ ирон спортсмен фæуæлахиз йæ ерысæмбæлттыл Франци æмæ Польшæйæ, фæлæ финалы Джиоты лæппуйыл фæуæлахиз румынаг дзюдоист.

Ирыстойнаг дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг дзюдоисткӕ рамбылдта Европӕйы Кубокы сыгъзӕрин майдан

"Джиоты Аслан йæ спортивон фæндаг райдыдта нæ скъолайы тренер Гæбæраты Иналы къухдариуæгады бын. Цалдæр азы размæ бинонтæ ацыдысты цæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ æмæ уый уым адарддæр кодта спорты фадыджы йæ архайд тренер Зассеты Аркадийы цæстдарды бын. Августы уый аннæ дзюдоисттимæ рацыд ахуыртæ Знауыры скъолайы. Ныр та нæм æрыхъуыст йæ радон æнтыст", — загъта тренер Гæджиты Алан.

Джиоты Аслан у бирæнымæц æхсæнадæмон ерысты призер æмæ уæлахиздзау, ныридæгæн ис Уæрæсейы æмбырдгонды сконды.

Тренер ма радзырдта, сæ хъомылгæнинæгтæ ноджы дыууæйæ — Уалыты Сослан æмæ Мæргъиты Ибрагим дæр кæй сты Уæрæсейы æмбырдгонды сконды дзюдойæ æмæ æнтыстджынæй архайынц æппæтуæрæсеон æмæ æхсæнадæмон ерысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0