Транскамыл фæндагон змæлд байгом

© Sputnik / Наталья АйриянТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ʻхсæн иунæг трассæйыл фæндагон змæлд тобæгонд уыд аст суткæйы дæргъы

ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Транскавказы автомагистралыл фæндагон змæлд байгом ис æртыццæжы 20.00 сахатыл, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрад.

УФ УУМ-ы сæргълæууæг Евгений Зиничев æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты  Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ УУМ-ы хистæр: хъæуы саразын æппæтдæр, цæмæй Транскам зымæджы куса æнæ къуыхцыйæ

Уагдоны сидынц шофыртæм, цæмæй арæхстджынæй архайой фæндагыл цæугæйæ.

Азы райдайæнæй фæндаг æрæхгæдтой ныр цыппæрæм хатт. Фæстаг хатт фæндагон змæлд æрурæдтой Транскамыл 15 январы митуард æмæ дæсгай зæйты рацыды аххосæй.

Фæндагон æмæ зæйты ныхмæ тохы службæты куыст къуыхцы кодта æвзæр боныгъæд æмæ стыр мит. Æрæджы Хуссар Ирыстоны фæндагон службæтæ арвыстой техникæ æххуысмæ цæгатирыстойнаг коллегæтæн хицауады хæслæвæрдмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0