Цхинвайлаг уӕзисӕг Икъаты Сæрмæт стох кæндзæн скӕсӕн Европæйы чемпионаты

© Sputnik / Наталья Айриян Икъаты Сæрмæт
 Икъаты Сæрмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг мӕйы кӕрон тох кӕндзӕн скӕсӕн Европӕйы тыхджындӕр пауэрлифтеры номыл

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг Икъаты Сæрмæт стох кæндзæн Курскы уагъд цӕуӕг скӕсӕн Европæйы чемпионаты, фехъусын кодта Sputnik штангисты тренер Плиты Артур.

Ерыстӕ райдайдзысты 23 марты.

"Икъаты Сӕрмӕт архайдзӕн 125 кг уӕзы. Хорз цӕттӕйӕ хизы ерыстӕм - тренировкӕтӕ бынаты ӕмӕ ахуыртӕ фӕсарӕнты хъуамӕ равдисой хорз хатдзӕг. Нӕ спортсмен цӕттӕ у ног бӕрзӕндтӕ сӕттынмӕ", — загъта Плиты Артур.

Уæззау атлетикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренеры хуызист: штангӕисӕг Плиты Артур æмæ йæ рекордсментӕ

Уый ма банысан кодта, ацы ерыстӕ сты ӕвзарӕн дунейы чемпионатмӕ.

Икъаты Сӕрмӕт у Европӕйы чемпионаты ӕртӕ хатты уӕлахиздзау, дунейы дыууӕ хатты чемпион.

Спортсмен 18 азæй фæстӕмæ рамбылдта 40-æй фылдæр фыццаг бынаты хицæн æмвæзады ерысты. Цхинвалы спортсмены цæттæ кæнынц уæззау атлетикæйы скъолайы тренертæ Плиты Артур æмæ Габаты Ацæмæз. Скъолайæн разамынад дæтты Советон Гуырдзыстоны бирæ хатты чемпион, æхсæнадæмон классы спорты мастер уæззау атлетикæйæ Тасойты Олег.

Ног хабӕртты лентӕ
0