Гуӕцӕлты Хаджимурӕт раздӕхдзӕн гауызмӕ

© Sputnik / Максим КостьянГуӕцӕлты Хаджимурӕт
Гуӕцӕлты Хаджимурӕт  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон богал фӕнд кӕны стох кӕнын Сомихстонӕн

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Олимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау, дунейы фондз хатты уӕлахиздзау, номдзыд уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Гуӕцӕлты Хаджимурӕт раздӕхдзӕн спортмӕ, хъусын кӕны спортивон хъӕбысхӕсты иугонд дунейы сайт.

36–аздзыд богал бадӕтта куырдиат уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад сомихагмӕ раивын тыххӕй.

"Номдзыд уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Гуӕцӕлты Хаджимурӕт фӕнд кӕны Сомихстоны спортивон кад хъахъхъӕнгӕйӕ гауызмӕ рахизын сентябры 2019 азы. Спортмӕ раздӕхыны тыхӕй богал ивы йӕ ӕмбӕстагад", - дзырдӕуы хъусинаджы.

2017 азы Гуӕцӕлты Хаджимурӕт Казахстаны уӕгъдибар хъӕбысхӕсты академийы разамынады фӕстӕ ссис Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты ӕмбырды депутат.

Ног хабӕртты лентӕ
0