Хуссар Иры делегаци сӕвӕрдта дидинджытӕ "Мать-Родина" монументмӕ Петербурджы

© Sputnik / Наталья КелехсаеваХуссар Иры делегаци сӕвӕрдта дидинджытӕ "Мать-Родина" монументмӕ Петербурджы
Хуссар Иры делегаци сӕвӕрдта дидинджытӕ Мать-Родина монументмӕ Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Уӕлахиздзауты IX ӕхсӕнадӕмон форумы "Великая Победа, добытая единством"

ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik. Уӕлахиздзауты IX ӕхсӕнадӕмон форум "Великая Победа, добытая единством"-ы фӕлгӕтты хуссарирыстойнаг делегаци сӕвӕрдта дидинджытӕ Ӕнусон арт ӕмӕ "Мать-Родина" монументмӕ.

Хуссарирыстойнаг музыкант хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон проекты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлахиздзауты форум: хуссарирыстойнаг музыкант хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон проекты

Мадзалы райдайӕны ссардтой 1942-1944 ӕзты Ленинграды блокадӕйы рӕстӕджы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

Абон та Меншиковы проспекты скверы ӕрӕвӕрдтой "Великая Победа, добытая единством"-ы мысӕн дур. Хуссар Ирыстоны делегацийы сӕргълӕууӕг, президенты администрацийы разамонӕджы хӕдивӕг Джуссойты Алан хайад райста ацы церемонийы.

Уӕлахиздзауты IX ӕхсӕнадӕмон форум "Великая Победа, добытая единством" нывонд у Ленинград блокадӕйӕ сӕӕрибар кӕныныл 75 азы сӕххӕсты цытӕн. Мадзалы нысан у Хӕдбар Паддзахадты Цӕдисы бӕстӕтыʻ хсӕн тауын гуманитарон ӕмгуыстад. Ӕрвылазон форум 2010 азӕй фӕстӕмӕ уагъд ӕрцыд Уӕрӕсейы горӕттӕ  - Туапсе, Дзӕуджыхъӕу, Волгоград ӕмӕ Курскы. 2015 азы йӕ ӕрфысым кодта Мӕскуы. Кӕцыдӕр ӕзты ацыд фӕсарӕнты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0