Номдзыд композитор ӕмӕ пианист Макъоты Ацӕмӕз ралӕудзӕн Хуссар Иры

© Sputnik / Анна КабисоваМакъоты Амӕмӕз
Макъоты Амӕмӕз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд композитор, пианист ӕмӕ дирижеры ралӕуд ацӕудзӕн Галаты Борисыл 130 азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны композиторты Цӕдисы сӕрдар, РЦИ-Аланийы паддзахадон филармонийы аивадон разамонӕг ӕмӕ директор, Уӕрӕсейы аивӕдты сгуыхт архайӕг Макъоты Ацӕмӕз ралӕудзӕн Ӕлборты Феликсы номыл Цхинвайлаг музыкалон ахуыргӕнӕндоны сценӕйыл майрӕмбоны, 26 апрелы.

Галаты Борис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Галаты Борисы 130-азон юбилейы цытӕн Петербурджы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон конференци

"Макъоты Ацӕмӕз нӕм ӕрцӕудзӕн иу бонмӕ Галаты Борисыл 130 азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты фӕлгӕтты. Макъоты Ацӕмӕз у номдзыд пианист, уый фӕдыл хонӕм алкӕйдӕр музыкалон ахуыргӕнӕндонмӕ. Концерт ацӕудзӕн майрӕмбоны, 16.00 сахатыл", - радзырдта Sputnik музыкалон ахуыргӕнӕндоны директоры хӕдивӕг.

Концерт уыдзӕн ӕнӕаргъ, бафтыдта уый. Уыцы бон ма Макъоты Ацӕмӕз хайад райсдзӕн Галаты Борисӕн нывонд мадзалы, кӕцы ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады конференц-залы.

Галаты Александры фырт Борисы (Галаты Аслан-Гирей, 1889-1976) ном хӕссы Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд". Уый у петербургаг фольклористикӕйы зонадон скъолайы ирддӕр минӕвӕрттӕй иу, райтынг кодта ирон музыкалон аивад ӕмӕ зонад.

Ног хабӕртты лентӕ
0