Фӕбӕрӕг ис уӕззау уӕзы Гасситы Мурӕты дебюты датӕ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæБокс. Гасситы Мурӕт
Бокс. Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ раздӕры чемпионы ныхмӕлӕууӕг ӕмӕ тохы бынат нырма бӕрӕг не 'рцыдысты

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Ирон боксер, WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ раздӕры чемпион Гасситы Мурӕт йӕ дебютон тох уӕззау уӕзы
ӕвӕццӕгӕн ауадздзӕн 27 июлы, хъусын кӕны Р-Спорт.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нӕ агурын ӕнцон тохтӕ: Гасситы Мурӕт радзырдта йӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй

Ацы аз апрелы Гасситы Мурӕт ахызт уӕззау уӕзмӕ. Ныртӕккӕ ирон спортсмен ис Америкӕйы, цы ран дарддӕр кӕны йӕ тренировкӕтӕ хӕххон лагерь Биг Бэры.

Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, Гасситы Мурӕт йӕ тох ауадздзӕн турниры андеркарды. Йӕ ныхмӕлӕууӕг ӕмӕ тохы бынат нырма бӕрӕг не 'рцыдысты.

Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл. Ирон боксер ногӕй райдыдта тренировкӕ кӕнын ацы аз январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0