Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад райдыдта цӕттӕ кӕнын резервистты рӕвдзытӕм

© Sputnik / Наталья АйриянӔфсӕддонты ахуыртӕ
Ӕфсӕддонты ахуыртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рӕвдзытӕ ацӕудзысты генералон штаб ӕмӕ гарзджын тыхты ахуырты фӕлгӕтты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонты хайадистӕй

ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты цӕттӕ кӕнынц резервистты рӕвдзытӕм, кӕцытӕ ацӕудзысты августы райдайӕны, хъусын кӕны республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Ӕфсӕддон рӕвдзытӕ ауадзыны фӕдыл барамынд бафыста республикӕйы президент 5 июлы. Уыдон уагъд цӕуынц генералон штаб ӕмӕ гарзджын тыхты ахуырты фӕлгӕтты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонты хайадистӕй.

"РХИ хъахъхъӕнынады министр инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим ауагъта рабадт, цы ран хайад райстой хайӕдты командӕгӕнджытӕ, цӕмӕй снысан кӕной рӕвдзыты нывӕзт", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Рабадты хайадисджытӕ радзырдтой министрӕн рӕвдзытӕм цӕттӕкӕнынады тыххӕй, уый фӕстӕ министр радта ӕмбӕлгӕ хӕслӕвӕрдтӕ командӕгӕнджытӕн.

Ахуыртӕ полигоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры резервисттӕм ӕрсидтысты ӕфсӕддон рӕвдзытӕм

"Резервисттӕм ӕрсидт хъуамӕ ацӕуа бӕрзонд ӕмвӕзадыл", - загъта министр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, резервистты цӕттӕкӕнынад у республикӕйы ӕдасдзинад ӕххӕст кӕныны ахсджаиг хай.

Уагдоны пресс-службӕйы банысан кодтой, фарон резервистты рӕвдзытӕ Хуссар Ирыстоны кӕй ауагтой дыууӕ хатты. Уӕд Хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгад банысан кодта мадзӕлтты бӕрзонд организацион ӕмвӕзад.

Ног хабӕртты лентӕ
0