Хуссар Иры хъæуы амардтой сылгоймаджы: зæрдæ æхсайгæ лæджы æрурæдтой

Рафыссын
Знауыры районы цӕрӕг хъаугъайы рӕстӕджы ныццавта кардӕй йе ʻфсымæры усы

ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрурæдтой Знауыры районы Тулдзыты (Дидмуха) хъæуы 68-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы йе ʻфсымæры усы амарыны хъуыддаджы, загътой Sputnik МХМ пресс-служæйы.

"Фыдракæнд æрцыд дыццæджы райсом Тулдзыты хъæуы хæдзæрттæй иуы. 68–аздзыд зæрдæ æхсайгæ лæг йæ чындзимæ хылы рæстæджы ныццавта сылгоймаджы кардæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Сылгоймаг фæмард ис бынаты. Уагдоны бафтыдтой, зæрдæ æхсайгæ лæджы æрурæдтой.

Цауы фæдыл сгарæн куыст уадзы мидхъуыддæгты министрады хайад æмæ Знауыры районы прокуратурæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0