Хуссар Иры премьер аразджытӕн: аскъуыддзаг кӕндзыстӕм таможнӕйы проблемӕ

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры премьер дзырд радта аразджытӕн аскъуыддзаг кӕнын таможнӕйы проблемӕ
Хуссар Иры премьер дзырд радта аразджытӕн аскъуыддзаг кӕнын таможнӕйы проблемӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны премьер-министр басгӕрста республикӕйы Ленингоры районы объектты арӕзтад ӕмӕ байхъуыста аразджыты проблемӕтӕм

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад сараздзӕн алцыдӕр, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕной Ленингоры районы автомобилон фӕндаг Гром-Цъинагары арӕзтады проблемӕ, кӕцы баст у таможнӕйон пост "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы ӕфсӕйнаг-бетонон конструкциты ӕрурӕдимӕ.

Уый тыххӕй республикӕйы премьер-министр Пухаты Эрик фехъусын кодта районы арӕзтадон объекты басгӕрсты рӕстӕджы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"Куыст хъуамӕ ма ӕрлӕууа никӕцы аххосаджы тыххӕй боныгъӕдӕй дарддӕр. Мах алцыдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй зындзинӕдтӕ мауал уа таможнӕйон постыл", - бахахх кодта Пухаты Эрик.

Автомобилон фӕндаг Гром-Цъинагар, кӕцыйы дӕргъ у 14,5 км, арӕзт цӕуы 2019 азы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Проекты реализацийӕн рахицӕн кодтой 260 милуан сомы. Нардуатон организаци "Дорэкспострой"-ы директор Лалыты Мурӕт банысан кодта, арӕзтадон куыстытӕ кӕй цӕуынц ӕмгъуыдмӕ гӕсгӕ ӕмӕ азы кӕрӕттӕм фӕндаг ратдзысты эксплуатацийы.

Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры премьер бабӕрӕг кодта Дзау ӕмӕ Къуаисайы объектты арӕзтад

Афтӕ ма Пухаты Эрик бабӕрӕг кодта Цъинагары скъолайы спортивон залы арӕзтад, цы ран куыстытӕ ӕрурӕдтой финансон фӕрӕзты цухдзинады тыххӕй. Ӕртӕ мӕйы размӕ арӕзтады бӕрндзинад йӕхимӕ райста Ленингоры районы администраци, фӕлӕ куыстытӕ нырма нӕ райдыдтой.

Хицауады сӕрдар ӕрдомдта райдайын арӕзтад ӕмӕ ӕрвылкъуыри хыгъдлӕвӕрд дӕттын куыстыты тыххӕй, цӕмӕй сӕ балхынцъ кӕной ахуырадон азы райдайӕнмӕ.

Уымӕй дарддӕр Пухаты Эрик базонгӕ ис хъӕууон амбулаторийы арӕзтадимӕ дӕр, кӕцы хъуамӕ радтой эксплуатацийы фӕззӕджы, афтӕ ма бабӕрӕг кодта амбулатори Монастеры хъӕуы. Амбулатори уыд ӕхгӕд кусӕгон рӕстӕджы, хъӕуы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, дохтыр ис улӕфты фыццӕгӕм июлӕй фӕстӕмӕ. Афтӕ ма хъӕуы цӕрджытӕ радзырдтой медикаментты цухдзинады тыххӕй. Премьер бахӕс кодта районы разамонӕг Мамыттаты Виталийӕн, цӕмӕй фехъусын кӕна ацы уавӕры тыххӕй ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн.

Балцы кӕрон хицауады делегаци бабӕрӕг кодта Ленингоры сидзӕрты хӕдзар, кӕцы радтой эксплуатацийы 2016 азы фӕззӕджы. Фиппаинӕгты тыххӕй, кӕцытӕ ныууагъта нардуатон организаци "Союзстройпроект", агъуыст нӕ кусы ӕмбӕлон режимы. Пухаты Эрик йӕ цӕст дардзӕн скъолайы проблемӕтӕм, цӕмӕй сӕ аскъыддзаг кӕной.

Ног хабӕртты лентӕ
0