Цхинвалы Ног азмӕ бакӕндзысты ноджы иу сабидон

© Sputnik / Дриаты ЛейлаНог сабидон Цхинвалы
Ног сабидон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног сабидон арӕзт цӕуы нырыккон домӕнтӕм гӕсгӕ, уыдзæн дзы музыкалон æмæ спортивон залтæ, компьютерон кълæстæ, алыгъуызон методикон кабинеттæ

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицæйы азы кæрæттæм фæзындзæн ног сабидон. Скъолаагъоммæ уагдон байгом уыдзæн Чиаты Иосифы  уынгыл - 2008 азы ирон-гуырдзиаг хæсты рæстæджы ам цы рæвдауæндон ныппырх, уый бӕсты.

Кæд фæстаг æзты Цхинвалы сарæзтой цалдæр сабидоны, уæддæр  горæты сабитæн нæ фаг кæнынц бынæттæ, бахъæуы сæ æнхъæлмæ кæсын сæ радмæ. Чиаты Иосифы фырты уынгмæ хæстæг та нæй иунæг сабидон дæр. Ныййарджытæ сæ сабиты кæнынц æндæр районты рæвдауæндæттæм.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаСабидон
Цхинвалы Ног азмӕ бакӕндзысты ноджы иу сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сабидон

Ног сабидон арæзт цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты æмæ ныридæгæн у цæттæ. Куыстытæ æххæст кæны арæзтадон фирмæ "Престиж". Йæ сæргълæууæг Беппиты Инал куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ æххæст цæуынц мидæггагон куыстытæ, архайы дзы 30 адæймагæй фылдæр.

"Ивгъуыд мæй арӕзтад чысыл графикæй фæстейæ аззад, фæлæ уымæн йæ аххосаг у, фирмæ æппæт куыстытæ дæр сабыргай, гъæдджынæй кæй æххæст кæны. Бирæ арæзтæдтæн, эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуынц, сæ хъæндзинæдтæ уый фæстæ рабæрæг вæййынц. Мах бынæттон арæзтадон фирмæ стæм. Ис нæм хорз фæлтæрддзинад сабиты рæвдауæндæттæ аразыны хъуыддаджы", - зæгъы Беппиты Инал.

Уый банысан кодта, ног сабидон бирæ стырдæр кæй у зæрондæй. Фыццаг уæладзыгыл уыдзысты кæстæр кары æмæ астæуккаг къорды сывæллæттæ.

Ленингор, сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы хуссар хайы самайдзысты сабидон æмæ бирæуæладзыгон хæдзар

Дыккагыл та уыдзысты хистæр къорд. Уым ма уыдзæн музыкалон æмæ спортивон залтæ, компьютерон кълæстæ, алыгъуызон методикон кабинеттæ. Психологтæ æмæ лагопедтæн дæр уыдзæн сæрмагонд хатæнтæ. Нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт цæуынц сабиты хъазæн æмæ фынæйгæнæн хатæнтæ дæр. Хъазынæн сын цы сæрмагонд хатæнтæ арæзт æрцыд, уыдон ифтонг уыдзысты тренажертæй дæр.

Кусджыты иу хай та та бавнæлдта кæрты хæрзарæзтадмæ. Ам сабитæ сæ рæстæджы фылдæр хай кæй æрвитдзысты, уый тыххæй дзы æвæрд æрцæудзæнис хъазæнтæ.

Беппиты Инал куыд зæгъы, афтæмæй кусджытæ ныртæккæ цы темптæй кусынц, афтæ куы кусой, уæд ныфс æвæрæн ис, декабры кæрон рæвдауæндон эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцæудзæнис.

Ног хабӕртты лентӕ
0