Алкӕцы нӕлгоймаджы хӕс дæр: Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт
Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрсиддонты фыццаг къордтӕ ныридӕгӕн ацыдысты медицинон басгӕрст – лӕппутӕн, кӕцытӕм рабӕрӕг кодтой низтӕ, лӕвӕрд цӕуы ӕрдӕг аз хоскӕнынӕн, уый фӕстӕ уыдон ногӕй рацӕудзысты медицинон къамис

ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къуырисӕрӕй фӕстӕмӕ райдыдта республикӕйы цӕрджыты фӕззыгон ӕрсидт ӕфсӕддон службӕмӕ, хъусын кӕны Хъахъхъӕнынады министрады пресс-секретарь Чехойты Инга. Ӕрсидт уагъд цӕуы республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты нывӕзтмӕ гӕсгӕ, кӕцы сфидар кодта хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт
Алкӕцы нӕлгоймаджы хӕс дæр: Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт
"Ӕрсиддонты фыццаг къордтӕ ныридӕгӕн ацыдысты медицинон басгӕрст. Лӕппутӕн, кӕцытӕ сты нӕбӕззон ӕфсӕддон службӕйӕн низты тыххӕй, лӕвӕрд цӕуы ӕмгъуыд хоскӕнынӕн. Уыдон хъуамӕ ногӕй ацӕуой ӕфсӕддон-дохтырон къамис ӕрдӕг азы фӕстӕ иннӕ ӕрсидты кампанийы рӕстӕджы", - радзырдтой уагдоны пресс-службӕйы.

Медицинон къамис рацӕуыны фӕстӕ ӕрсиддонтӕ рацӕуынц райдайӕн ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынады курс Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры. Иу мӕйы фӕстӕ ӕрсиддонтӕ ӕфсӕддон ард бахӕрдзысты ӕмӕ сӕ арвитдзысты ахуырадон ротӕмӕ дарддӕры службӕ рацӕуыны тыххӕй.

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт
Алкӕцы нӕлгоймаджы хӕс дæр: Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт

Ӕфсӕддон комиссариаттӕ ӕфсӕддон службӕмӕ ӕрбаздахынц 18-27 азы кары республикӕйы ӕмбӕстӕгты. Ӕрсиддонтӕ, кӕцытӕ не рбацыдысты ӕфсӕддон комиссариатмӕ ӕнӕ айсинаг ӕфсонӕй, ӕрбаздахдзысты административон ӕмӕ уголовон бӕрнмӕ.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службӕйы ӕмгъуыд у иу аз.

Ног хабӕртты лентӕ
0