Хуссар Иры скъоладзаутæ сæхи сфæлвæрдтой æфсæддон æмæ спортивон хъæзтыты

© Из архива Зарины АрсоевойЗарница-2019
Зарница-2019 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсæддон-спортивон хъазт "Зарница-2019" архайынц 15 командæйы республикæйы скъолатæй

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы дыууæ этапæй цæуы æфсæддон-спортивон хъазт "Зарница-2019". Стыр Фыдыбæстон хæстæн нывонд хъазтæн хатдзæгтæ скæндзысты радон Уæлахизы бонмæ æввах, фехъусын кодта Sputnik Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны методист Ӕрсойты Зæринæ.

© Из архива Зарины АрсоевойСпортивон хъазт "Зарница-2019"
Хуссар Иры скъоладзаутæ сæхи сфæлвæрдтой æфсæддон æмæ спортивон хъæзтыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спортивон хъазт "Зарница-2019"

Ерысты архайдтой 15 командæйы республикæйы скъолатæй, уыдонæй æхсæз - районтæй, къордтæ конд сты фарастæмкъласонтæй.

"Ӕфсæддон-спортивон хъазт "Зарница - 2019"-æн хатдзæгтæ скæндзысты 2020 азы майы. Уæд уыдзæн командæтыл фæлгаст æмæ мадзал "Знай своих героев", кæцыйы фæлгæтты сывæллæттæ радзурдзысты СФХ ирон хъайтарты тыххæй. Дыууæ этапы фæстиуджытæм гæсгæ равзардзысты тыхджындæр командæты ", - загъта Ӕрсойты Зæринæ.

Фыццаг этапы ерыстæ цыдысты 17 дисциплинæйæ – лидзынæй, эстафета, "Боевой листок", "Пищеблок", "ОБЖ", "Медико-санитарная подготовка", "Разведчики" æмæ æндæртæ.

Ӕфсæддон-спортивон хъазт "Зарница - 2019" ауагъта Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Мадзалы бындурæвæрджытæ сты Ахуырад æмæ Хъахъхъæнынады министрæдтæ.

© Из архива Зарины АрсоевойЗарница-2019
Зарница-2019 - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Зарница-2019
© Из архива Зарины Арсоевой Зарница-2019
Зарница-2019 - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Зарница-2019
© Из архива Зарины Арсоевой Зарница-2019
Зарница-2019 - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Зарница-2019
© Из архива Зарины АрсоевойЗарница-2019.
Зарница-2019 - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Зарница-2019.
1/4
Зарница-2019
2/4
Зарница-2019
3/4
Зарница-2019
4/4
Зарница-2019.
Ног хабӕртты лентӕ
0