Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры генералон прокуратурӕйы кусджыты

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры генералон прокуратурӕйы кусджыты
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры генералон прокуратурӕйы кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны кусджыты райстой хорзӕхтӕ хайадисты тыххӕй сӕрмагонд оперативон мадзӕлтты Уисты хъӕуы районы, цы ран ныр ӕртыккаг мӕй ис ӕндыгъд уавӕр гуырдзиаг полици блокпост кӕй сӕвӕрдта августы, уый фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта генералон прокуратурӕйы кусджыты паддзахадон хорзӕхтӕй – майдантӕй "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн" ӕмӕ "Хуссар Ирыстоны сабырдзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй", хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Алчидӕр уӕ равдыста хъӕбатырдзинад. Патриотикон ахаст уӕ паддзахадмӕ ӕмӕ службӕйон хӕслӕвӕрдты цӕсгомджын сӕххӕст уын дӕтты фадат хъахъхъӕнын бӕстӕ мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон знӕгтӕй", - загъта президент хорзӕхкӕныны церемонийыл.

Генералон прокуратурӕйы кусджытӕн бӕрзонд хорзӕхтӕ радтой хайадисты тыххӕй сӕрмагонд оперативон мадзӕлтты, кӕцыты фӕстиуӕгӕн республикӕйы хъусдардмӕ райстой Знауыры районы Уисты (Цънелис) хъӕу, афтӕ ма бӕрзӕнд 944, 8.

Ног хабӕртты лентӕ
0